Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Иудейы сахартӕй, стӕй Йерусалимы алфамбылайӕ, Бениамины зӕххӕй, Шефелайӕ, хӕхтӕй ӕмӕ Негевӕй адӕм цӕудзысты ардӕм, цӕмӕй Дунедарӕджы хӕдзары иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ ӕрхӕссой, хойраджы хуынтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ Йын ӕрбахӕссой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:26
17 Iomraidhean Croise  

Уыдон-иу радыгай ныззарыдысты, Дунедарӕджы стаугӕйӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ: «Хӕрзаудӕг у Уый, Йӕ хорзӕхӕй Израил хайджын у ӕнустӕм!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау нӕрыд. Иууылдӕр кад кодтой Дунедарӕгӕн, Йӕ хӕдзары бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыди, уый тыххӕй.


Дунедарӕг зӕгъы: «Сабат Мӕ уаз бон кӕй у, уый уӕ макуы ферох уӕд, ӕмӕ йӕ нымайут. Нымайут ӕй цытджын бӕрӕгбоныл ӕмӕ уӕхиуыл хӕцут, сабатбон мацы хъуыддаг кӕнут. Кад ын скӕндзыстут уымӕй дӕр, стӕй, уыцы бон уӕ алы зӕрдиаг фӕндтӕ куы аиргъӕват, ноджы ма ӕдзӕлгъӕд ныхӕстӕ дӕр куынӕ кӕнат, уӕд.


Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты.


Хӕххон сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, Бениамины зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы алфамбылӕйтты, Иудейы сахарты — алы ран дӕр, чи сӕ нымайдзӕн, уыдоны дӕлбар ногӕй фосы рӕгъӕуттӕ хиздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Йерусалим адӕмӕй йедзаг ӕмӕ сабыр куы уыди, стӕй йӕ алыварс сахартӕ Негев ӕмӕ Шефелайы дӕр адӕм куы цардысты, уӕд Дунедарӕг Йӕ раздӕры пехуымпарты уылты адӕттӕ нӕ хъусын кодта?“»


Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.


Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.


ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan