Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24-25 Куы Мӕм байхъусат, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сабаты ацы сахары кулдуӕртты уылты куы ницы хӕссат, сабат уын уаз куы уа ӕмӕ уыцы бон ӕппындӕр куы ницы кусат, уӕд, Давиды бадӕны цы паддзӕхтӕ сбадынц, уыдон, уӕздӕттӕ, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕ бӕхтӕ ӕмӕ бӕхуӕрдӕттыл кӕддӕриддӕр ацы сахары кулдуӕртты уылты цӕудзысты, сахар та лӕудзӕни мыггагмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:24
11 Iomraidhean Croise  

Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».


Рох дӕ ма уӕд, сабат уаз кӕй у, уый.


Дыгӕйттӕй цӕуӕг барджытӕ куы фена, ноджы ма — хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл цӕуджытӕ, уӕд сӕм лӕмбынӕг кӕсӕд, байхъусӕд-иу лӕмбынӕг».


Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.


Кад кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон сты фидыды нысан Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн, цӕмӕй зонат: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау“.


Адӕм дард рӕттӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндон аразыны хъуыддаджы архайдзысты. Ӕмӕ базондзыстут, сымахмӕ мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. Уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты, уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы хъусат, уӕд».


Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы ӕххӕст кӕнат, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ Йын удуӕлдайӕ лӕггад куы кӕнат,


Ӕз уын кӕй дзурын, Дунедарӕджы ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнат, куы Йӕ уарзат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат ӕмӕ Йыл иузӕрдион куы уат,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan