Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уыдон Мӕм нӕ хъуыстой, хивӕндӕй цардысты, Мӕ зондамынд Мын ницӕмӕ дардтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:23
24 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн!


зонд, рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн;


Куырыхонтӕ дӕр, куы байхъусой, уӕд сӕ зондыл бафтаудзысты, ӕмбаргӕтӕ дӕр сӕхицӕн уынаффӕтӕ ссардзысты,


Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.


Мӕ зондамынд уын ӕвзистӕй зынаргъдӕр суӕд, зонынадӕн сыгъзӕринӕй фылдӕр аргъ кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕлзонд налхъуыт-налмастӕй хуыздӕр у, цӕмӕ фӕбӕллынц, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.


Хиваст стут, уый зыдтон: уӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ — ӕндон, уӕ ных — ӕрхуы.


Сӕ фыдӕлты Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ бафӕндыд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл сты ӕмӕ сын лӕггад кодтой. Адон дӕр сын фӕзмынц сӕ фыдракӕндтӕ. Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой».


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахарӕн ӕмӕ, йӕ дӕлбар цы сахартӕ ис, уыдоны цӕрджытӕн цы бӕллӕхтӕ снысан кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ хивӕнд сты, Мӕ ныхӕстӕм Мын нӕ хъусынц».


Се ’ргомы бӕсты Мӕм раздӕхтой сӕ чъылдым. Ӕз сын ӕдзухдӕр зонд амыдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, зондамындтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!


Йерусалим, дӕхи ӕрӕмбар, цӕмӕй дӕ Ме ’ргом ма аздахон ӕмӕ дӕ ӕдзӕрӕг быдыр ма фестын кӕнон!»


Уӕд-иу сын зӕгъ: „Мӕнӕ, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм! Фесӕфти рӕстдзинад, се ’взагӕй фӕцыдӕр!“


Фӕлӕ Израилы адӕм ӕдзӕрӕг ран Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, Мӕ амындтытыл Мын суӕлӕхох сты, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ Ӕз загътон, ӕдзӕрӕг ран сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.


Уымӕн ӕмӕ Мын суӕлӕхох сты Мӕ амындтытыл, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ се ’ргом гуымирыты ’рдӕм сарӕзтой.


Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ загътон, Мӕ азар сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сыл ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ маст ныккалдзынӕн, зӕгъгӕ.


Ӕз хъуыды кодтон: ацы сахары цӕрджытӕ Мӕ тӕрсдзысты, Мӕ зондамынд Мын сӕ зӕрдӕтӕм айсдзысты, ӕмӕ сын уӕд сӕ цӕрӕнбынат нӕ фесафдзынӕн, Мӕ азар сӕ нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ уӕ хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой.


Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.


Ӕз уын загътон: «Уӕ Хуыцау Ӕз дӕн, Дунедарӕг, ма лӕггад кӕнут, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн». Фӕлӕ Мӕм сымах нӕ байхъуыстат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan