Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 ӕмӕ фехъусын кӕн: байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, иудейаг паддзӕхтӕ, ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, ацы кулдуӕртты уылты чидӕриддӕр бацӕуы, уыдон!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:20
13 Iomraidhean Croise  

Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».


Дунедарӕг мын загъта: «Ацу ӕмӕ Бениамины мыггаджы кулдуары цур ӕрлӕуу: Иудейы паддзӕхтӕ фӕцӕуынц уыцы кулдуары уылты. Цӕугӕ Йерусалимы ӕппӕт кулдуӕрттӕм


«Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!» Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы зӕххыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уыдонӕн фыр дисӕй сӕ хъустӕ ныззӕлланг кӕндзысты.


Уымӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ Мӕн ныууагътой, ацы бынат фӕчъизи кодтой ӕмӕ дзы буд судзынц ӕндӕр хуыцӕуттӕн — нӕдӕр сӕхӕдӕг, нӕдӕр сӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр иудейаг паддзӕхтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыдонӕн. Ацы бынат ӕнаххос адӕмы тугӕй байдзаг кодтой!


Иудейаг паддзахы хӕдзаронтӕ!


«Иудейы паддзах, Давиды паддзахы бадӕны бадӕг, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дӕхӕдӕг, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕм, ацы кулдуары уылты чидӕриддӕр бацӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр хъусӕнт!»


Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.


«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй.


Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.


Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»


Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах хъуамӕ, рӕстдзинад цы у, уый ма зонат?


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan