Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:18
21 Iomraidhean Croise  

Мӕ буар Йӕ цӕфтӕй нал зыны, нӕрӕмон хӕстонау мыл Йӕхи ныццавта.


Йӕ ныхӕстӕ — хинӕйдзаг ӕмӕ мӕнг; нӕдӕр уӕлзондмӕ тырны, нӕдӕр — хорздзинад ракӕнынмӕ.


О Хуыцау, Дӕ хорзӕхӕн аргъ нӕй! Дӕ базыры бын бакодтай адӕмы,


Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагӕй мыггагмӕ! Аммен! Аммен!


Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ мӕ бахиз, фервӕзын мӕ кӕн, фехъус мӕ, ӕххуысмӕ мӕм фӕзын!


Соломоныл. О Хуыцау! Саккаг кӕн паддзахӕн Дӕ рӕстдзинад, паддзахы фыртӕн — Дӕ раст тӕрхон!


Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы.


Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг раст тӕрхон кӕны, уд ӕмӕ зӕрдӕ фӕлвары. Уадз ӕмӕ фенон, мӕ маст мын куыд райсдзынӕ, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыддаг Дӕ бар бакодтон.


Дунедарӕг, мӕн та зоныс, цы зӕрдӕ Дӕм дарын, уый уыныс. Фыстау сӕ ӕргӕвдӕнмӕ акӕн, фӕхицӕн сӕ кӕн ӕргӕвдынӕн!


Ацы ныхӕстӕ сын фехъусын кӕн». Ӕхсӕвӕй-бонӕй ма бахус уӕд мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы чызгӕн тынг арф у йӕ хъӕдгом, уӕззау сты йӕ цӕфтӕ.


Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се ’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой».


О Дунедарӕг, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ! Чи Дӕ ныууадза, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты. «Йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдон зӕххы хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ ныууагътой Дунедарӕджы, цардӕгас Донгуырӕн сӕ ферох ис».


Зоныс ӕй, ӕз Дӕумӕ фыййауӕй кусынмӕ нӕ бӕллыдтӕн, бӕллӕхы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кастӕн. Мӕ дзыхӕй цы ссыди, уыдӕттӕ Дын ӕргом сты.


Дунедарӕг мын загъта: «Ацу ӕмӕ Бениамины мыггаджы кулдуары цур ӕрлӕуу: Иудейы паддзӕхтӕ фӕцӕуынц уыцы кулдуары уылты. Цӕугӕ Йерусалимы ӕппӕт кулдуӕрттӕм


Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


Арфӕ ракӕн, Дунедарӕг, йӕ хъаруйӕн ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрӕстмӕ кӕн. Ныффалгӕрон ын кӕн йӕ фыдгулты, цӕмӕй йе знӕгты бон растын мауал суа“.


Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта, уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan