Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 О Дунедарӕг, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ! Чи Дӕ ныууадза, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты. «Йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдон зӕххы хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ ныууагътой Дунедарӕджы, цардӕгас Донгуырӕн сӕ ферох ис».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:13
40 Iomraidhean Croise  

Мӕлӕты талынг дӕлвӕзы куы цӕуон, уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй, уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ; Дӕ фыййаулӕдзӕг мӕ басабыр кӕны.


уӕд мыггагмӕ кад кӕндзысты Дӕуӕн, цалынмӕ ’рттивой хур ӕмӕ мӕй.


Нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, цинвӕдис кӕнӕд дун-дуне йе ’ппӕт цӕрджытимӕ!


Рӕстуды арфӕгондӕй мысдзысты, тӕригъӕдджынӕн йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.


Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн, хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.


Фыдгӕнджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ саст ӕрцӕудзысты, Дунедарӕджы чи ныууагъта, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты.


Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.


Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ, бӕллӕхы заман — Ирвӕзынӕнӕг! Ацы зӕххӕн ӕцӕгӕлон цӕмӕн сдӕ ныр, ӕрмӕст ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ йӕ фӕндагӕй чи фӕзилы, уыцы бӕлццонау?


Ӕвирхъау тас мын ма фест: бӕллӕхы заман ме ’мбӕхсӕн Ды дӕ!


Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Адӕймагыл йӕ зӕрдӕ чи дары, ныфсджын дзы чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕй дард кӕмӕн у, уый ӕлгъыст у.


Уымӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ Мӕн ныууагътой, ацы бынат фӕчъизи кодтой ӕмӕ дзы буд судзынц ӕндӕр хуыцӕуттӕн — нӕдӕр сӕхӕдӕг, нӕдӕр сӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр иудейаг паддзӕхтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыдонӕн. Ацы бынат ӕнаххос адӕмы тугӕй байдзаг кодтой!


Мӕ адӕм ракодтой дыууӕ фыдракӕнды: ныууагътой Мӕн, цардӕгас доны Суадоны, ӕмӕ сӕхицӕн донуӕттӕ скодтой. Фӕлӕ уыдон пырх сты, дон уромын нӕу сӕ бон.


Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!


Чи-иу сыл фӕхӕст, уый-иу сӕ аныхъуырдта, се ’фхӕрджытӕ дзырдтой: „Мах аххосджын ницӕмӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕтӕригъӕдджын сты Дунедарӕджы, рӕстдзинады хӕдзары, сӕ фыдӕлты зӕрдӕдарӕны, раз“.


Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый.


Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Мӕн фӕнды, цӕмӕй зонат: сымах сӕраппонд нӕ кӕндзынӕн ацы хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Израилы адӕм, уӕ цӕсгом фыр ӕфсӕрмӕй судзӕд уӕ фыдракӕндты аххосӕй.


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй, арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты. Фӕлӕ Дунедарӕг хъахъхъӕндзӕн Йӕ адӕмы, израилӕгтӕн суыдзӕн сӕ фидар.


Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.


Ныфссаст уацайрӕгтӕ! Раздӕхут уӕ фидармӕ! Абон дын Ӕз хъусын кӕнын: дӕ хъизӕмӕрттӕ дын дывӕрӕй бафиддзынӕн.


Дӕлимонтыл уӕ бон кӕй цӕуы, ууыл ма цин кӕнут — уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл цин кӕнут».


Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».


Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕрбахуыдтон сымах — фенон уӕ ӕмӕ аныхас кӕнон уемӕ, уымӕн ӕмӕ ацы рӕхыстӕй Израилы зӕрдӕдарӕны сӕраппонд баст дӕн».


Павелӕй, Хуыцауы, нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, ӕмӕ не ’нхъӕлц Йесо Чырыстийы фӕндӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй.


Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.


Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan