Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:10
39 Iomraidhean Croise  

фехъус-иу ӕй уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ныббар Дӕ адӕмы азым! Алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, уымӕн ӕмӕ Ды зоныс, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый, ӕрмӕстдӕр Ды зоныс адӕмы зӕрдӕтӕ.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын ныббар, алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕрмӕстдӕр Ды зоныс.


Адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды, чи цы аккаг у, уый айсы.


Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.


Фыдгӕнджыты хӕрам бамынӕг уӕд! Рӕстудӕн та фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ, рӕстаг Хуыцау, — Ды фӕндтӕ ӕмӕ зӕрдӕтӕ фӕлварыс.


Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. О Дунедарӕг, равзар мын мӕ хъаст, мӕ рӕстадмӕ, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ!


Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йӕ хъиамӕт ӕм хӕрзиуӕджы хуызы раздӕхы.


Згъӕртайынгӕнӕн — ӕвзистӕн, куынцгом — сыгъзӕринӕн, зӕрдӕтӕ та Дунедарӕг фӕлвары.


Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.


Ӕмӕ Йӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзӕн, Йӕ ныхмӕ чи рацыди, уыдоны, Йӕ маст райсдзӕн Йе знӕгтӕй, денджызгӕрон сахарты цӕрджыты бафхӕрдзӕни се ’наккаг хъуыддӕгты тыххӕй.


Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг раст тӕрхон кӕны, уд ӕмӕ зӕрдӕ фӕлвары. Уадз ӕмӕ фенон, мӕ маст мын куыд райсдзынӕ, уый, уымӕн ӕмӕ мӕ хъуыддаг Дӕ бар бакодтон.


Мӕнӕу байтыдтой, фӕлӕ какон сындзытӕ ӕркарстой, сӕхи дзӕгъӕлы удхарӕй фӕмардтой. Хор уӕм кӕй не ’рзад, уый тыххӕй фыр тӕссӕй нырризут — Дунедарӕджы маст уӕм ссыгъди!»


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ды рӕстгӕнӕджы фӕлварыс, уд ӕмӕ зӕрдӕ уыныс! Уадз ӕмӕ ӕз Дӕ мастисӕн тӕрхон фенон, Дӕ бар куы бакодтон мӕ хъуыддаг!


Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».


Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.


Дунедарӕджы Уд мыл ӕртыхсти ӕмӕ мын загъта: «Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Израилы адӕм, Ӕз уын уӕ ныхӕстӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ зонын.


Израилы адӕм бамбарӕнт, сӕ гуымирыты аххосӕй Мын ӕцӕгӕлӕттӕ кӕй систы, уый“.


Уыцы зӕхх та йӕ цӕрджыты азымы тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты аххосӕй, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни.


Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.


Уӕд де ’ххуысы хай уыдзӕни сусӕг, ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.


ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.


Ӕмӕ скуывтой: «Бардарӕг, Ды алкӕй зӕрдӕ дӕр зоныс. Равдис нын, сӕ дыууӕйӕ ацы лӕггадӕн кӕй равзӕрстай, уый,


Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.


Нӕ зӕрдӕйы ӕмбӕхст хъуыдытӕ дӕр ӕргом Кӕмӕн сты, Уый та зоны Уды фӕндон дӕр, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕджыты тыххӕй куры, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, афтӕ.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Чи амарди, уыдоны — хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты — федтон паддзахы бадӕны раз лӕугӕ. Чингуытӕ гом уыдысты, гом уыд ӕндӕр чиныг дӕр — царды чиныг. Мӕрдтӕ тӕрхонгонд ӕрцыдысты, чингуыты дзы кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ фыст уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ.


«Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ фиддон Мемӕ ис — алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan