8 Куывд кӕм кӕнынц, уыцы хӕдзармӕ дӕр ма бацу ӕмӕ семӕ иу фынгыл ма ’рбад, ма хӕр ӕмӕ ма нуаз».
Ӕрмӕстдӕр иу хорзӕх Дунедарӕгӕй курын, иунӕг фӕндон мӕм ис: мӕ царды бонтӕ куы арвитин Дунедарӕджы хӕдзары, цӕмӕй Дунедарӕджы рӕсугъддзинад уынон, Йӕ рухс Кувӕндонмӕ Йын цӕуон.
Хынджылӕг чи кӕны, уыдоны ’хсӕн нӕ бадтӕн, мӕ рӕстӕг циндзинӕдты не ’рвыстон. Ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух, ӕмӕ иунӕгӕй бадтӕн, мастӕй мӕ кӕй байдзаг кодтай, уый тыххӕй.
Доныхъаймӕты размӕ, суанг цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызти, уӕдмӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ моймӕ цыдысты.
Ӕз уӕм фыстон, цӕмӕй ӕмгӕрон ма цӕуат, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, афтӕмӕй та хӕтаг, кӕрӕф, мӕнгхуыцӕуттӕм кувӕг, цъыфкалӕг, расыггӕнаг кӕнӕ стигъӕг чи у, уымӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр макуы бадут.
Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.