Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 16:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 «Мӕнӕ сын Ӕз Мӕ хъомысджын къух равдисдзынӕн, ӕмӕ базондзысты, Мӕ ном Дунедарӕг кӕй у, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 16:21
13 Iomraidhean Croise  

Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.


Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.


Дунедарӕг у хӕстон, Дунедарӕг — Йӕ ном!


Аврааммӕ, Исаакмӕ ӕмӕ Йаковмӕ Ӕз раргом дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕй, фӕлӕ сын, „Дунедарӕг“, зӕгъгӕ, уыцы номимӕ Мӕхи нӕ раргом кодтон.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау. Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр, ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, зӕхх Чи сфӕлдыста, Чи йӕ сарӕзта ӕмӕ йӕ Чи сфидар кодта, Уый:


Езекиел уын уыдзӕни нысан. Сымах кӕндзыстут, уый куыдӕриддӕр бакодта, афтӕ. Ӕмӕ уыл уыдӕттӕ куы ’рцӕуой, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».


Ӕмӕ уыцы бон лигъдоны раз байгом уыдзӕн дӕ дзых ӕмӕ райдайдзынӕ дзурын — нал уыдзынӕ ӕгомыг. Ды сын суыдзынӕ нысан, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Едомӕй Мӕ маст райсдзынӕн Мӕ адӕм Израилы къухӕй, Мӕ азар сыл ныххуырсдзысты уыдон, ӕмӕ уӕд едомӕгтӕ базондзысты, Ӕз Мӕ маст куыд фӕисын, уый“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Бирӕтӕ мардӕй хаудзысты уе ’хсӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Авд хойы стъалыгуппар ӕмӕ Орион Чи сфӕлдыста? Талынг райдзаст райсом Чи фестын кӕны, бон та — тар ӕхсӕв? Чи фӕсиды денджызы уылӕнтӕм ӕмӕ сӕ зӕххы цъарыл Чи акалы? Дунедарӕг — Йӕ ном!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan