Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 16:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ Ӕз бафиддзынӕн дывӕрӕй, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх ӕнаккаг мӕрдтӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ зӕххы хай Мын се ’лгъӕгтӕй байдзаг кодтой».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 16:18
24 Iomraidhean Croise  

Хуыцау сын арфӕ ракӕны, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, сӕ фосӕн дӕр бакӕнӕнтӕ нал вӕййы.


Зӕхх фегад кодтой йӕ цӕрджытӕ, сӕ къух систой Хуыцауы ӕгъдауыл, сзыгъуыммӕ Йын кодтой Йӕ уагӕвӕрдтӕ, фехӕлдтой мыггагмӕйы фидыд.


Йерусалиммӕ рӕвдаугӕ дзурут. Зӕгъут ын, дӕ уацары бонтӕ, зӕгъ, фӕцыбыр сты, дӕ азым дын барст ӕрцыди. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы къухӕй дывӕр ӕфхӕрд баййӕфта йӕ тӕригъӕдты тыххӕй!»


Уӕ фыдгултӕй ӕгад ми ӕмӕ фидисӕй цас бавзӕрстат, уымӕй дыууӕ ахӕмы фылдӕрӕй райсдзыстут хӕрзтӕ. Цинӕй райдзыстут уӕ зӕххыл, мыггагмӕ цӕрдзыстут зӕрдӕрухсӕй.


Се ’наккаг митӕ Мӕм фыст сты, ӕмӕ Ӕз нӕ банцайдзынӕн, цалынмӕ сӕ Мӕ маст райсон, уӕдмӕ.


Бафхӕрдзынӕн сӕ сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымы тыххӕй. Уыдон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтыл сыгътой буд ӕмӕ Мын уымӕй ӕгад кодтой Мӕ ном. Гъемӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты се ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дӕр». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!


Ӕз уӕ бакодтон сойджын зӕхмӕ, цӕмӕй йын бафсӕдат йӕ хор ӕмӕ йӕ фарнӕй, сымах та Мын Мӕ зӕхмӕ бацыдыстут ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтат, сӕлгъаг Мын кодтат Мӕ исбон!


Йе ’нӕуромгӕ хъахбай митӕй фӕчъизи кодта зӕхх, дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстимӕ хъахбай митӕ кодта.


Ӕз сӕм ӕрвылбон ӕрвыстон Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ: «Уе ’лгъаг митӕ ныууадзут, ӕнӕуынон Мын сты».


Иудейы цот Мӕ разы фыдракӕндтӕ кӕнынц, — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым се ’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтой.


Ӕмӕ куы ӕрбаздӕхой, уӕд ын йе ’лгъӕгтӕ ӕмӕ йӕ цъаммардзинӕдтӕ иууылдӕр сӕ бындзарӕй срӕдувдзысты.


Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ йе ’лгъаг гуымирытӕ аразынӕн чи снывонд кӕна, уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».


Ӕмӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырстон, уыцы зӕххыл туг кӕй ныккалдтой ӕмӕ йӕ сӕ гуымирытӕм кувынӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уый тыххӕй.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — де ’лгъаг гуымирытӕй ӕмӕ де ’ппӕт ӕнаккаг митӕй Мын Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз ӕрӕлхъивдзынӕн, Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн.


Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


Сыстут ӕмӕ цӕугӕут, уымӕн ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕнцойдзинад нал уыдзӕн. Йе ’нӕхуыцау миты тыххӕй йӕ ӕгъатырӕй ныххӕлӕттаг кӕндзысты.


Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ фӕкодта, уыдӕттӕ йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн-иу цы кӕхцы ныккодта, уым ын дыууӕ хатты карздӕр сӕн ӕркӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan