12 Фӕлӕ сымах уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут, алчидӕр уӕ йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕуы ӕмӕ Мӕм нӕ хъусы.
Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтондӕр кӕй сӕлгъаг, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, уый,
Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.
Тӕригъӕдджын сӕдӕ хатты тӕригъӕд ракӕны, мӕлӕт та йӕм хӕстӕг нӕ цӕуы. Фӕлӕ йӕ зонын: Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон амондджын уыдзысты.
Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.
Ацы ’взӕр адӕмы Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕнды, хивӕндӕй цӕрынц, ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувынц, лӕггад сын кӕнынц ӕмӕ ацы ронау ницӕмӕнуал сбӕздзысты.
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Фӕлӕ дын уыдон зӕгъдзысты: „Ӕдылы ныхӕстӕ! Цыдӕриддӕр нӕ фӕнды, уыдӕттӕ кӕндзыстӕм, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрдзыстӕм“.
Ау, Йехониа ницӕйаг саст дурын, ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнӕн у? Йӕ байзӕддӕгтимӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уацайраг цӕмӕн сси?
Фӕлӕ уыдон нӕ байхъуыстой, хивӕнд ӕмӕ нӕсӕттон уыдысты, се ’ргомы бӕсты Мӕм сӕ чъылдым раздӕхтой.
Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, хивӕнд уыдыстут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут.
Хивӕнд уыдысты ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кодтой, сӕ фыдӕлтӕй куыд сахуыр сты, афтӕ».
Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!
Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уӕ фыдӕлты кӕй фӕзмут, уымӕй уӕхи нӕ чъизи кӕнут, мыййаг? Уыдоны гуымирытӕм кувгӕйӕ, хъахбай митӕ нӕ кӕнут, ӕви?
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не ’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой.
Мӕ уагӕвӕрдтӕй Мын суанг уӕ фыдӕлты заман уе ’ргом аздӕхтат, нӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Раздӕхут Мӕм, ӕмӕ уӕм уӕд Ӕз дӕр Ме ’ргом раздахдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сымах Мын дзурут: «Куыд Дӕм раздӕхӕм?»
Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — давын, марын,
Ацы карз ӕлгъысты ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, афтӕ чи зӕгъа, мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уый арфӕгонд нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ, ӕнӕ донӕй чи ныххус, уыцы зӕхх дӕр бабын уыдзысты.
Дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы хатырӕй фӕгӕдзӕ кӕн ацы ӕнӕсӕттон адӕмӕн, сӕ азым ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныббар,
Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.
Фӕлӕ-иу куыддӕр фӕтӕг амарди, афтӕ та-иу израилӕгтӕ ногӕй сӕ раздӕры митӕм раздӕхтысты, сӕ фыдӕлтӕй-иу фӕфыддӕр сты, ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад ӕмӕ табу кодтой, сӕ фыдгӕндтӕ нӕ уагътой ӕмӕ хивастӕй цыдысты сӕ раздӕры фӕндагыл.
Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».