Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 15:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 О Йерусалим, чи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, чи дыл скӕудзӕн? Куыд сты дӕ хъуыддӕгтӕ, зӕгъгӕ дӕм фӕрсӕг чи бацӕудзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 15:5
15 Iomraidhean Croise  

Батӕригъӕд мын кӕнут, мӕ хӕлӕрттӕ, — Хуыцауы азар мӕ баййӕфта!


Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.


Ӕрцыди дыл дывӕр бӕллӕх, ӕмӕ дын чи батӕригъӕд кӕндзӕн, чи дын фӕфидар кӕндзӕни дӕ зӕрдӕ? — Бӕстӕ ныггӕныстон ис, адӕмӕй та чи сыдӕй амарди, чи кардылӕфтыд баци.


Кӕрӕдзиуыл сӕ ныппырх кӕндзынӕн, фыдӕй, фыртӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕ сыл бацауӕрддзынӕн, нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн, ныццӕгъддзынӕн сӕ“».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Хист кӕм кӕнынц, ахӕм хӕдзармӕ хъарӕг ӕмӕ тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ ма бацу, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы адӕмӕн сӕ сабыр цард байстон, Мӕ хорзӕх ӕмӕ Мӕ тӕригъӕдӕй ӕнӕхай фесты.


Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


Сион ӕххуысмӕ сиды, фӕлӕ йын баххуысгӕнӕг нӕй! Уӕ, Дунедарӕг бардзырд радта, — Йаковыл ӕрхъула кодтой знӕгтӕ! Йерусалим ныр се ’хсӕн куы сси ӕлгъаг!


Чи дӕ фена, уый дӕ цурӕй алидздзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Ныззыгуым ис Ниневи!» Ничи дыл скӕудзӕн, ничи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн.


Уыйадыл уыцы лӕгтӕ Михайы хӕдзармӕ, ӕрыгон левит кӕм цардис, уыцырдӕм фӕзылдысты, бацыдысты мидӕмӕ ӕмӕ левитӕн салам радтой.


Зӕгъдзысты дын салам, дӕтдзысты дын дыууӕ дзулы, ӕмӕ-иу сӕ райс.


Давид йӕ уаргъ рӕсӕнуатгӕсмӕ фӕуагъта ӕмӕ ӕфсӕдты цурмӕ ауади. Куы бахӕццӕ, уӕд йе ’фсымӕртӕн салам радта.


ӕмӕ арвыста дӕс лӕппуйы. Бафӕдзӕхста сын: «Ссӕут Кармелмӕ ӕмӕ бацагурут Навалы. Салам ын раттут мӕ номӕй


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan