Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 15:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Кӕдӕм ацӕуӕм, зӕгъгӕ дӕ куы бафӕрсой, уӕд-иу сын ды Дунедарӕджы номӕй афтӕ зӕгъ: мӕлӕт кӕмӕ кӕсы, уый йӕ мӕлӕт ссарӕд; кард кӕмӕ кӕсы, уый карды цӕфӕй амӕлӕд; стонг бавзарын кӕй хъӕуы, уый стонгӕй мӕлӕд; уацар кӕмӕ кӕсы, уый уацары ацӕуӕд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 15:2
18 Iomraidhean Croise  

Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.


Ӕвирхъау тасы хъӕр фехъусгӕйӕ, лидзынмӕ чи фӕуа, уый ныххаудзӕни хъоргъы, хъоргъӕй чи сбыра, уый та бахаудзӕн ахсӕн хызы. Арвы дуӕрттӕ фегом уыдзысты, зӕххы бындуртӕ нынкъуысдзысты.


Ком куы дарой, уӕд сын Ӕз сӕ кӕуын нӕ фехъусдзынӕн. Уыдон Мын иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, фӕлӕ сӕ Ӕз нӕ айсдзынӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн!»


Ӕмӕ, пехуымпариуӕг цы адӕмӕн кӕнынц, уыдон дӕр кард ӕмӕ стонгӕй фесӕфдзысты. Йерусалимы уынгты лӕзӕрдзысты ӕмӕ сӕ баныгӕнӕг нӕ уыдзӕн — сӕхи дӕр, стӕй сӕ устытӕ, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр. Цы фыдбылызы аккаг сты, уый сын Ӕз бавзарын кӕндзынӕн.


«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.


Ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх сафтид кӕндзӕн: мӕлинаг чи у, уыдон амӕлдзысты; уацар кӕмӕ кӕсы, уыдон уацары ацӕудзысты; кард кӕмӕ кӕсы, уыдон карды цӕфӕй фӕмард уыдзысты.


Ноджы сын зӕгъ: „Уӕ нысан ӕз дӕн: Израилы адӕмыл ӕрцӕудзӕн, ӕз цы сарӕзтон, уый: хаст ӕрцӕудзысты, уацары сӕ акӕндзысты.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон,


Фехъусын сын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сомы кӕнын Мӕхицӕй: хӕлддзӕгты ’хсӕн чи цӕры, уыдон карды амӕттаг бауыдзысты; быдыры чи ис, уыдоны хъӕддаг сырдтӕн бахӕрын кӕндзынӕн, фидӕрттӕ ӕмӕ лӕгӕтты чи ис, уыдон та амӕлдзысты емынӕйӕ.


Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.


Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.


Уый фӕстӕ зӕгъдзынӕн: „Нал уӕ хизын: мӕлинаг чи у, уый амӕлӕд; сӕфинаг чи у, уый фесӕфӕд; чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та кӕрӕдзийы фыдтӕ бахӕрӕнт“.


Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый ацӕудзӕн уацары. Кардӕй амӕлгӕ кӕмӕн у, уый амӕлдзӕни кардӕй. Уый афтӕ амоны: сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон ӕмӕ иузӕрдион.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan