Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 15:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Хынджылӕг чи кӕны, уыдоны ’хсӕн нӕ бадтӕн, мӕ рӕстӕг циндзинӕдты не ’рвыстон. Ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух, ӕмӕ иунӕгӕй бадтӕн, мастӕй мӕ кӕй байдзаг кодтай, уый тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 15:17
13 Iomraidhean Croise  

Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.


Уый Моисейӕн раргом кодта Йӕ фӕндӕгтӕ, Израилы байзӕддӕгтӕн — Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».


Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусат, уӕд ӕз сусӕгӕй кӕудзынӕн, сӕрыстыр кӕй стут, ууыл. Нал бахус уыдзӕн Мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы дзуг уацары бахаудзӕн.


Куывд кӕм кӕнынц, уыцы хӕдзармӕ дӕр ма бацу ӕмӕ семӕ иу фынгыл ма ’рбад, ма хӕр ӕмӕ ма нуаз».


Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты.


Ӕдзӕмӕй бады иунӕгӕй: йӕ уаргъ ыл Дунедарӕг сӕвӕрдта.


Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».


Уӕд Дунедарӕджы зӕд загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы сахартӕн кӕд ныббардзынӕ, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы сӕм Дӕ маст куы нӕма ссыд?»


Уымӕ гӕсгӕ рацӕут се ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ фӕхицӕн ут, — зӕгъы Бардарӕг, — сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй уӕхи хизут, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕркӕндзынӕн Мӕхимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan