Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 15:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Дӕ мулк ӕмӕ дӕ хӕзнатӕ дын Ӕз абырджытӕн бастигъын кӕндзынӕн, дӕ алы зӕххы хайыл дӕр кӕй фӕкодтай, уыцы ’ппӕт тӕригъӕдты тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 15:13
8 Iomraidhean Croise  

Паддзах бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ; Уый у дӕ Бардарӕг, ӕмӕ Йын бакув.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕйгӕнӕггаг уӕ сӕрмӕ ницы райстон ӕмӕ ӕлхӕнӕггаг дӕр уӕ сӕрыл ницы ратдзынӕн, афтӕмӕй уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн».


Ӕмӕ Мын цы кӕнгӕ у ныр? Мӕ адӕмы Мын акодтой лӕвар, сӕ хицӕуттӕ дзыназынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Мын ӕппынӕдзух, ӕрвылбон фауынц Мӕ ном.


Сӕ идӕдзтӕ Мӕ фӕндонӕй денджызы змисӕй фылдӕр систы. Ӕмбисбон сын сӕ мадӕлтыл Ӕз абырджыты бафтыдтон, ӕвиппайды сыл стыр тас бахӕцдзӕн.


Дӕ хӕхтӕ, дӕ исбон, дӕ хӕзнатӕ ӕмӕ дӕ уаз къуыппытӕ дын Ӕз иууылдӕр хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ алы зӕххы хайыл дӕр тӕригъӕдтӕ фӕкодтай.


Ацы сахары исбон ӕгасӕй дӕр: йе ’ппӕт ӕфтиӕгтӕ, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, Иудейы паддзӕхты ӕппӕт хӕзнатӕ, Ӕз ратдзынӕн знӕгты къухтӕм. Уыдон бӕстӕ сафтид кӕндзысты ӕмӕ се ’фтиӕгтӕ Вавилонмӕ аласдзысты.


Сава, Дедан ӕмӕ дын Таршишы ӕппӕт сӕудӕджертӕ зӕгъдзысты: ‚Ӕгъа! Ды ӕрцыдтӕ бастигъынмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кодтай стыр ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнынмӕ, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк рассивынмӕ, цӕмӕй сафтид кӕнай бӕстӕ‘“.


Сӕ исбон хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, сӕ хӕдзӕрттӕ заууатмӕ ӕрцӕудзысты. Сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ нӕ цӕрдзысты, сӕндӕттӕ скӕндзысты, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan