Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 15:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дунедарӕг загъта: «Дӕ фарны сӕраппонд дын Ӕз ратдзынӕн сӕрибар. Бӕллӕх ӕмӕ фыдбылызы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ лӕгъстӕ кӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 15:11
15 Iomraidhean Croise  

Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон — Ды мӕ уыныс, мӕ фӕндӕгтӕ Дын иууылдӕр зындгонд сты.


Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Тӕригъӕдджын сӕдӕ хатты тӕригъӕд ракӕны, мӕлӕт та йӕм хӕстӕг нӕ цӕуы. Фӕлӕ йӕ зонын: Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон амондджын уыдзысты.


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


«Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса».


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, арвыста, мах тыххӕй ма Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, скув, зӕгъгӕ.


Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ арвыста, ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн йе ’ртыккаг бацӕуӕны размӕ ӕрбакодтой. Паддзах Йеремиайӕн загъта: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсинаг дӕн. Мацы мӕ басусӕг кӕн».


пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan