Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 15:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 О, мӕ ныййарӕг, додойаг фӕдӕн, кӕй мӕ ныййардтай, уый тыххӕй, быцӕу чи кӕны, ӕгас дунеимӕ загъд чи кӕны, уыцы адӕймаджы! Ӕз ӕфстау ӕхца никуы радтон ӕмӕ хӕс никуы райстон, фӕлӕ мӕ уӕддӕр алчидӕр ӕлгъиты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 15:10
32 Iomraidhean Croise  

Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ.


Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».


Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.


Чи мыл феради, афтӕ йын хъӕуы, зӕгъгӕ, уыдон ӕгадӕй сӕхи фӕстӕмӕ айсӕнт.


Мӕ адӕмы мӕгуыртӕй искӕмӕн ӕвзист ӕфстау куы раттай, уӕд ӕй фылдӕрӕй, пайдайыл дӕттӕгау, ма бацагур.


Сырддонцъиу куыд апӕррӕст кӕны ӕмӕ зӕрватыкк куыд атӕхы, афтӕ дзӕгъӕл ӕлгъыст дӕр дӕ рӕзты ацӕудзӕн.


Ацы адӕмӕн дӕ Ӕз фидар ӕрхуы сисӕй сӕвӕрдзынӕн. Уыдон дӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн ӕмӕ дыл Мӕ арм дардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Пайдайы охыл дзы мацы ис, тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Уадз ӕмӕ де ’фсымӕр дӕ разы цӕра.


Пайдайы охыл ын ӕхца ӕфстау ма ратт, хойраг дӕр ын пайдайы фӕдыл ма ауӕй кӕн.


Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыдбылызтӕ, фыддзинадмӕ ӕвӕлмасӕй куыд кӕсон? Мӕ алыварс — тыхмитӕ, стыгъд, фыдӕх, хъаугъатӕ нӕ сабыр кӕнынц.


Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты, мардзысты уӕ, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн суыдзыстут ӕнӕуынон.


Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй.


Симеон сӕ Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ Йесойы мад Мариайӕн загъта: «Ацы Сывӕллоны тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты ӕмӕ бирӕтӕ сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕни быцӕутӕ,


Тӕхудиаг уыдзыстут, Адӕймаджы Фырты тыххӕй адӕмӕн ӕнӕуынон куы суат, хъоды уыл куы бакӕной, цъыф уыл куы калой ӕмӕ уын уӕ ном куы сӕгад кӕной, уӕд.


Фӕлӕ мах фӕнды, куыд хъуыды кӕныс, уый дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ, алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan