5 Суанг быдираг хъуаз дӕр йӕ ноггуырды ныууадзы, уымӕн ӕмӕ кӕрдӕг нӕй.
Неффалим — сӕрибар хъуаз, рӕсугъд сты йӕ лӕппынтӕ.
Дзынӕзтон Дӕм, о Дунедарӕг, лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕгӕн:
Байсыстысты Нимримы суадӕттӕ; хурмӕ баруади кӕрдӕг, цъӕх зайӕгхалӕн йӕ кой дӕр нал ис.
Фос богъ-богъ кӕнынц, хизӕнуат сын нал ис, стонгӕй мӕлынц фысты дзугтӕ.