Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 14:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ау, Иудейы бынтон аппӕрстай Дӕхицӕй? Ау, Сион Дын ӕнӕуынон сси? Ахӕм цӕф нын цӕмӕн ныккодтай? Сдзӕбӕхы амал нын куынӕуал ис! Сабырдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм сдзӕбӕхмӕ, нӕ алыварс та — ӕвирхъау бӕллӕхтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 14:19
26 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.


Хорзмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастӕн, уӕд мӕ сӕр фыдбылыз баййӕфта, рухсмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастӕн, уӕд мыл бон баталынг ис.


Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.


Ӕз ныууагътон Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ исбон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр Мын цы у, уый знӕгты къухтӕм радтон.


Мӕ исбон, тар хъӕды цы домбай цӕры, уый ӕнгӕс сси: рыхы Мӕныл, ӕнӕуынон Мын фестад.


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


Цӕуылнӕ ӕрбайсӕфы мӕ рис? Цӕуылнӕ байгас ис мӕ хъӕдгом? Сдзӕбӕхы амал ын цӕуылнӕ ис? Ау, зӕрдӕ дарӕн кӕуыл нӕй, ахӕм суадон, мӕнг донгуырӕн мын фестадтӕ?


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй, уӕззау сты дӕ цӕфтӕ!


Дӕ цӕфтӕн хостӕ нӕй ӕмӕ дын нӕй сдзӕбӕхы амал, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддагыл ничи тыхсы.


Уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудейы нӕ ныууагъта сӕ Хуыцау, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, кӕд сӕ зӕхх Израилы Уаз Хуыцауы раз тӕригъӕдӕй йедзаг у, уӕддӕр.


Хъодыгонд ӕвзист сӕ схондзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта».


Дӕ дадалитӕ акъуыр ӕмӕ сӕ фехс! Къуыбыртыл хъарӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ацы фӕлтӕрӕй, чи Йӕ смӕсты кодта, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта!


Сабыр цардыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, сдзӕбӕхмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ фӕзынд ӕвирхъау тас!


Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»


Йерусалим! Цӕуыл дӕ абарон, цы дын зӕгъон? Куыд дӕ ’рсабыр кӕнон, Сионы чызг!? Ӕнӕбын денджызау у арф дӕ рыст. Кӕй бон у сдзӕбӕх кӕнын дӕу?


Цыма бӕрӕгбон ралӕууыди, уыйау Ды алырдыгӕй ӕрбахуыдтай бӕллӕхтӕ. О, Дунедарӕджы азары бон, иунӕг дӕр куы нӕ фервӕзт! Кӕй фӕхастон, кӕй фӕрӕвдыдтон, — ныццагътой се ’ппӕты дӕр знӕгтӕ!


Уӕ, махӕн та куы сурс сты нӕ цӕстытӕ, ӕххуысыл дзӕгъӕлы нӕ зӕрдӕ дардтам! Нӕ фӕлгӕсӕн мӕсгуытӕй адӕммӕ ’нхъӕлмӕ кастыстӕм, — о, уыдон мах нӕ фервӕзын кӕндзысты!


Ау, бынтон нӕ аппӕрстай Дӕхицӕй? Дӕ мастӕн нӕй кӕрон?


Кӕуы йӕ исбоныл Мароты цӕрӕг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕвирхъау фыдбылыз ӕруагъта Йерусалимы кулдуарыл.


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan