17 Ацы ныхӕстӕ сын фехъусын кӕн». Ӕхсӕвӕй-бонӕй ма бахус уӕд мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы чызгӕн тынг арф у йӕ хъӕдгом, уӕззау сты йӕ цӕфтӕ.
Мӕнӕ цы зӕгъы Дунедарӕг уый тыххӕй: «Ӕлгъ дыл кӕны, худы дыл Сионы чызг. Йӕ сӕр банкъусы Йерусалимы чызг, дӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.
Ӕз Дын раргом кодтон Дӕ рӕстад, мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцыдтӕн Стыр ӕмбырды — о Дунедарӕг, зоныс ӕй Дӕхӕдӕг!
ӕмӕ йын Ӕз загътон: „Ӕлгъ дыл кӕндзысты ӕмӕ дыл худдзысты Сионы хохы цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм.
О, додойаг фӕдӕн! Удхарӕй мӕлын, мӕ хъӕдгӕмттӕ риссынц, фӕлӕ зӕгъын мӕхицӕн: «О хъизӕмар, быхсдзынӕн дын!»
Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусат, уӕд ӕз сусӕгӕй кӕудзынӕн, сӕрыстыр кӕй стут, ууыл. Нал бахус уыдзӕн Мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы дзуг уацары бахаудзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Бафӕрсут-ма адӕмты, ахӕм диссаг, цымӕ, искуы фехъуыстӕуыд? Израилы чызг ӕбуалгъ цъаммар митыл бафтыд!
«О, удхарӕй мӕлын, мӕ зӕрдӕ риссы!
«Хъӕрзын мӕ адӕмы цӕфтӕй! Саудалынг мыл ӕртыхсти, стыр тас мыл бахӕцыд.
Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!
Рӕвдздӕр ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ ныл ныхъхъарӕг кӕнӕнт, нӕ цӕссыг цӕстытӕй куыд фемӕхса ӕмӕ фыр куыдӕй суадӕттау куы акӕла, афтӕ!
Тыхсы мӕ уд, о, бакуырм дӕн фыр куыдӕй! Мӕ зӕрдӕ скъуыны, уӕ, мӕ адӕм сӕфынц! Чысыл сабитӕ сахары уынгты сыдӕй мӕлынц!
Йерусалим! Цӕуыл дӕ абарон, цы дын зӕгъон? Куыд дӕ ’рсабыр кӕнон, Сионы чызг!? Ӕнӕбын денджызау у арф дӕ рыст. Кӕй бон у сдзӕбӕх кӕнын дӕу?
О, Дунедарӕгмӕ зӕрдиагӕй скув! Сионы Чызджы Сис, ӕхсӕвӕй-бонӕй ку! Дӕ цӕссыг иу уысммӕ дӕр ма ’рлӕууӕд! О, ферох кӕн ӕнцой!
Ахаудис Израилы чызг, сыстын нал у йӕ бон! Йӕ райгуырӕн зӕххыл лӕзӕры — нӕй йӕ сисӕг!
уый тыххӕй сӕ Ӕз ныззыгуым кӕндзынӕн, гӕныстонмӕ сӕ ӕркӕндзынӕн сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.