Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 14:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз сӕ нӕ арвыстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй афтӕ цы пехуымпартӕ зӕгъынц, ацы зӕххыл нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг уыдзӕни, зӕгъгӕ, уыдон сӕхӕдӕг кард ӕмӕ стонгӕй амӕлдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 14:15
26 Iomraidhean Croise  

Миха йын дзуапп радта: «Мӕ сӕр кӕм бамбӕхсон, зӕгъгӕ, иу уатӕй иннӕмӕ ралидз-балидз куы кӕнай, уыцы бон ӕй базондзынӕ».


Ды та, Пашхур, де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ ӕмӕ уым амӕлдзынӕ. Дӕхи дӕр ӕмӕ, рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕн дзырдтай, дӕ уыцы ’мбӕлтты дӕр дын уым баныгӕндзысты».


Ӕз сыстадтӕн пехуымпарты ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ ныхӕстӕ Мын давынц кӕрӕдзийӕ.


„Ӕз сӕ нӕ арвыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. — Рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ дзурынц Мӕ номӕй, цӕмӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй фӕсурон ӕмӕ фесӕфат уӕ пехуымпартимӕ“».


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы кӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕз сын сӕ тыллӕг бабын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕнӕфсиры талайыл иунӕг цупал дӕр нал баззайдзӕн, легъуи бӕласыл дыргъ нӕ фӕзындзӕн, бахус уыдзӕн йӕ сыфтӕр. Цыдӕриддӕр сын радтон, уыдон сӕ фӕстӕмӕ байстӕуыдзӕн».


Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!


О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!


Фехалдзынӕн, чъырӕй цы быру сцагътат, уый, йӕ бындурӕй йӕ афӕлдахдзынӕн зӕххыл. Уый куы афӕлдӕха, уӕд йемӕ бабын уыдзыстут сымах дӕр, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Мӕ маст ныххуырсдзынӕн быруйыл ӕмӕ, чъырӕй йӕ чи сцагъта, уыдоныл. Уӕд уын зӕгъдзынӕн: нал ис быру, нал сты, чъырӕй йӕ чи сцагъта, уыдон дӕр,


Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый.


Сӕ дыууӕ дӕр фӕазымджын уыдзысты: дзуапп курӕджы азым цас уа, уыйас уыдзӕни пехуымпары азым дӕр,


Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.


Хъахъхъӕнӕг ӕвзидгӕ кард куы фена, фӕлӕ сыкъауадындзӕй куынӕ ныууаса, цӕмӕй адӕмы бахиза, уый тыххӕй, уӕд, фыдгулы кард кӕй баййафа, уый йӕ тӕригъӕды аххосӕй карды амӕттаг бауыдзӕн, фӕлӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн дӕуӕй.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕ бинойнаг адӕмы бын баззайдзӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ кардылӕфтыд фӕуыдзысты, зӕхбарӕг дын дӕ зӕхх байуардзӕн. Дӕхӕдӕг тӕригъӕдджын зӕххыл амӕлдзынӕ, израилӕгты та ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты».


Дунедарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы Мын рӕдийын кӕнынц, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, фӕлӕ сын сӕ гуыбынтӕ чи не ’фсады, уыдоны ныхмӕ расидынц хӕст.


Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.


Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan