Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 14:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Пехуымпартӕ сын дзурынц: „Сымах кард нӕ фендзыстут ӕмӕ стонг нӕ бавзардзыстут. Ӕз уын ацы бынаты балӕвар кӕндзынӕн фидар сабырдзинад“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 14:13
17 Iomraidhean Croise  

Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.


Ӕз Ын дзуапп радтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, — нырма ӕвзонг дӕн».


Ды та, Пашхур, де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ ӕмӕ уым амӕлдзынӕ. Дӕхи дӕр ӕмӕ, рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕн дзырдтай, дӕ уыцы ’мбӕлтты дӕр дын уым баныгӕндзысты».


Ӕлгъ Мыл чи кӕны, уыдонӕн дзурынц: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сабырдзинад уыдзӕн уӕ зӕххыл». Хивӕндӕй чи цӕры, уыцы адӕмы сайынц: «Фыдбылызтӕ уыл не ’рцӕудзысты».


Вавилойнаг паддзах сымахмӕ, ацы зӕхмӕ, не ’рбабырсдзӕн, зӕгъгӕ, цы пехуымпартӕ дзырдтой, уыдон цы фесты?


Ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Ды ацы адӕмы, Йерусалимы цӕрджыты, сайгӕ акодтай, сабыр цардӕй сын зӕрдӕ куы бавӕрдтай, уӕд? Ау, кардӕй сӕ фӕмардзысты?»


Уыдон Дунедарӕгыл цъыфкалӕн кодтой ӕмӕ дзырдтой: „Дунедарӕг нӕй! Ницы фыдбылыз ныл ӕрцӕудзӕн, нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг бавзардзыстӕм“.


Уыцы пехуымпартӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, Дунедарӕджы ныхас сӕм нӕй, сӕ ныхӕстӕ сӕхиуыл ӕрцӕуӕнт».


пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?


Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕсӕрфатӕй, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.


Ӕнӕсӕрфатӕй дзӕбӕх кӕнынц Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.


Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмы ’хсӕн мӕнг цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ нал уыдзӕн.


Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе ’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ,


Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».


Израилаг адӕмы ’хсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон семӕ ӕрхӕсдзысты мӕлӕтмӕ кӕнӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕрибар сын Чи ӕрхаста, уыцы Бардарӕгыл ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕты амӕттаг сӕхи бакӕндзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan