Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 14:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ком куы дарой, уӕд сын Ӕз сӕ кӕуын нӕ фехъусдзынӕн. Уыдон Мын иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ ӕрхӕсдзысты, фӕлӕ сӕ Ӕз нӕ айсдзынӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 14:12
32 Iomraidhean Croise  

Фыдбон ыл куы акӕна, уӕд ын Хуыцау йӕ фӕдисхъӕр фехъусдзӕн?


уӕд ма мӕм сиддзысты, фӕлӕ дзуапп нӕ ратдзынӕн, агурдзысты мӕ, фӕлӕ мӕ нал ссардзысты.


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ нывӕндтӕ ӕлгъаг сты, уӕлдайдӕр та — фыдвӕндтимӕ кӕй ӕрбахӕссынц, уыдон.


Хуыцауы ’гъдаумӕ хъусын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн йӕ куывд дӕр — ӕлгъаг.


Хъаст кӕнынц, Дӕ сӕраппонд, дам, ком куы дарӕм, ӕмӕ нӕм Ды кӕсгӕ дӕр куы нӕ кӕныс, сӕрныллӕг нӕхи куы кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Ды хъуыды дӕр куы нӕ кӕныс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сымах, ком даргӕйӕ, ӕрмӕст уӕхи фӕнд тӕрут, уе ’ххуырстыты иууылдӕр тухӕнӕй марут.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.


Ды там Мӕм ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын лӕгъстӕ ма кӕн — бӕллӕхы заман Мӕм хъӕрахст куы кӕной, уӕд сӕ нӕ фехъусдзынӕн.


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


Ацы сахары чидӕриддӕр цӕры, адӕмӕй, цӕрӕгойӕ, — се ’ппӕты дӕр бабын кӕндзынӕн! Иууылдӕр ӕбуалгъ рынӕй фесӕфдзысты!


Кардӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн, стонг ӕмӕ сын рын бавзарын кӕндзынӕн, цалынмӕ, сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй бынтондӕр фесӕфой, уӕдмӕ».


Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


Савайӕ Мын ласынц буд, дард бӕстӕй — хӕрздӕфгӕнаг хъӕз. Цӕмӕн Мӕ хъӕуынц уыдӕттӕ? Уӕ иууылсудзинӕгтӕ Мын ӕхсызгон не сты, хъыг Мын сты уӕ нывӕндтӕ».


Ӕз сын сӕ тыллӕг бабын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕнӕфсиры талайыл иунӕг цупал дӕр нал баззайдзӕн, легъуи бӕласыл дыргъ нӕ фӕзындзӕн, бахус уыдзӕн йӕ сыфтӕр. Цыдӕриддӕр сын радтон, уыдон сӕ фӕстӕмӕ байстӕуыдзӕн».


Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, цалынмӕ бынтондӕр сыскъуыйой, уӕдмӕ сӕ кардимӕ сурдзынӕн».


Кӕнӕ уыцы зӕххыл емынӕ куы ныххуырстаин, фыр мӕстӕй дзы туджы зӕйтӕ куы ауагътаин, адӕм ӕмӕ фосы туг калгӕйӕ,


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон,


Уыдӕтты тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырсдзынӕн. Мӕ цӕст сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Хъӕрӕй Мӕм куы дзыназой, уӕд дӕр сӕ нӕ фехъусдзынӕн».


Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни.


Уӕ бӕрӕгбӕттӕ Мын ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕуынон сты, уӕ нывӕндты фӕздӕг улӕфын Мӕ нӕ фӕнды.


Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.


Дунедарӕг сӕм куы сидти, уӕд Ӕм уыдон куыд нӕ хъуыстой, афтӕ сӕ Ӕз дӕр, куы сидой, уӕд нӕ фехъусдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ӕмӕ ма ноджы мӕнӕ цытӕ кӕнут: Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз кӕут ӕмӕ дзыназут, Дунедарӕг уын уӕ нывӕндтӕм кӕй не ’ркӕсы ӕмӕ сӕ кӕй нал айсы, уый тыххӕй.


Ӕз федтон фӕлурс бӕх; йӕ барӕджы ном — мӕлӕт. Мӕрдтыбӕстӕ цыдис йӕ фӕдыл, ӕмӕ сын лӕвӕрд уыди зӕххы цыппӕрӕм хайыл карды ӕмӕ стонджы, рыны ӕмӕ зӕххон сырдты фӕрцы марыны бар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan