9 «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: раст афтӕ басӕтдзынӕн Иудейы хъалдзинад ӕмӕ Йерусалимы ӕгӕрон сӕрыстырдзинад дӕр.
Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.
Мах фехъуыстам, Моав куыд ӕнӕввӕрсон у, йе схъӕл митӕн кӕрон куыд нӕй, куыд къӕйных ӕмӕ куыд налат у, куыд тутт сты йӕ хиппӕлой ныхӕстӕ.
Ахӕм уынаффӕ рахаста Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Уый фегад кодта сӕрбӕрзонд ӕмӕ цытуарзаг чи у, уыдоны, ӕрныллӕг кодта номджын ӕлдӕртты.
Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта:
Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕн, сӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уӕздӕттӕн — цӕмӕй сафтид уой ӕмӕ сӕ уындӕй алкӕй тасы ’фтауой, хынджылӕггаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуой, ӕмӕ уыдӕттӕ ныридӕгӕн ӕвзарынц;
Моав сӕрыстыр, ӕнӕввӕрсон ӕмӕ къӕйных кӕй у, уый мах фехъуыстам.
Схъал сты ӕмӕ Мӕ разы ӕлгъаг митӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕ куы федтон, уӕд сыл Мӕхи атигъ кодтон.
Дӕ хъал бонты заман дӕ хо Содомӕн йӕ кой дӕр никуы скодтай,
Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрыстырдзинад, уӕ сӕрмӕ уын арв ӕфсӕны хуызӕн скӕндзынӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та — ӕрхуыйы ’нгӕс.
Дунедарӕг ногӕй скадджын кӕндзӕн Израилы, кӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсиры талатӕ бассӕстой, уӕддӕр.
Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.
Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ хъалонисӕг Хуыцауӕй хатыргондӕй ацыд, фарисей та — нӕ. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».