6 Дзӕвгар рӕстӕг куы рацыди, уӕд та мын Дунедарӕг загъта: «Ацу Евфраты доны былмӕ ӕмӕ дын кӕй бамбӕхсын кодтон, уыцы рон райс».
Ӕз Евфраты доны былмӕ ацыдтӕн ӕмӕ мын Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ рон айнӕджы скъуыды бамбӕхстон.
Ӕз ацыдтӕн Евфраты доны былмӕ ӕмӕ рон, кӕм ӕй бамбӕхстон, уырдыгӕй скъахтон, фӕлӕ бамбыди, ницӕмӕнуал бӕззыд.
Ӕз федтон: херувимты сӕрмӕ цы ӕрдынӕг уыд, уый сӕрмӕ зынди цыдӕр, сапфирӕй конд паддзахы бадӕны хуызӕн.
Уыцы бон талынг, мигъ ӕмӕ асӕст у. Ӕнӕнымӕц ӕмӕ тыхджын адӕм сӕуӕхсидау апырх уыдзысты хӕхтыл. Ӕнусты райдианӕй ахӕм адӕм никуы уыдис ӕмӕ нӕ уыдзӕн.
Адӕм тыхджын ӕнтӕфӕй тыхстысты ӕмӕ ӕлгъыстой Хуыцауы ном — ацы рынтыл Кӕй бар цыди, Уый ном. Фӕсмон сӕм не ’рцыд, ӕмӕ Йын кад не скодтой.