4 «Райс, кӕй балхӕдтай, уыцы рон, Евфраты доны былмӕ ацу ӕмӕ йӕ айнӕджы скъуыды бамбӕхс».
Давиды псалом. Стауын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, зарын Дӕ кадӕн зӕдты раз.
Дунедарӕг мын ногӕй загъта:
Хъизӕмар кӕн ӕмӕ фыр рыстӕй удхарӕй мӕл, Сионы чызг! Ныр ацӕудзынӕ дӕ сахарӕй ӕмӕ цӕрдзынӕ быдыры. Вавилонмӕ ахӕццӕ уыдзынӕ ӕмӕ уым фервӕздзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ уыцы ран Дунедарӕг де знӕгты къухӕй балхӕндзӕн.
Иоаннӕн йӕ уӕлӕдарӕс уыди теуайы хъуынӕй, йӕ астӕуыл дардта гӕрзӕй рон; хъӕддаг бындзыты мыд ӕмӕ мӕтыхтӕ уыдысты йӕ хӕринаг.