23 Ау, эфиопаг йӕ царм аивдзӕн, науӕд фыранк? Уӕдӕ сымахӕн дӕр уӕ бон хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын нӕу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕныныл сахуыр стут.
Фӕлӕ Йӕм уыдон нӕ байхъуыстой, дарддӕр дӕр хӕццӕ кодтой сӕ рагон ӕгъдӕуттӕ.
Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай, уӕд дӕр дзы йе ’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.
Зылын цы у, уый ничи сраст скӕндзӕн; цы фӕхъуыди, уый банымайӕн нӕй.
Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Дӕхи фӕныкдоны куы цӕхсай, уӕд дӕр Мӕ разы не ссыгъдӕг уыдзынӕ! Дӕ тӕригъӕды къӕм — Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!
«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».
О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!
Алчи йе ’мбалы сайы ӕмӕ йын раст ныхас нӕ дзуры. Се ’взӕгтӕ ахуыр сты мӕнгдзинадыл.
Саул уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд арвыста ӕндӕр чапарты, фӕлӕ уыдон дӕр фыццӕгты хал ахордтой. Уый фӕстӕ Саул арвыста ӕртыккаг чапарты къорд, фӕлӕ та уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой.