Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 13:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 «Акӕсут-ма, цӕгатӕрдыгӕй чи ӕрбацӕуы, уыдонмӕ! Кӕм ис дӕ рӕгъау ныр, дӕ диссаджы рӕсугъд фосы дзуг цы фӕци?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 13:20
14 Iomraidhean Croise  

Паддзахӕн йӕ дӕлбар бирӕ адӕм куы уа, уӕд скадджын уыдзӕн, йӕ дӕлбар куы ничи уа, уӕд йе сӕфт ӕрцыд.


Дунедарӕг мын загъта: «Ацы зӕххы цӕрджытӕм цӕгатӕй ӕрбагуылф кӕндзӕн бӕллӕх.


Ӕз цӕгаты паддзахӕдты адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсиддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ паддзахы къӕлӕтджынтӕ Йерусалимы кулдуары цур, йӕ систы раз ӕмӕ Иудейы алы сахары дӕр ӕрӕвӕрдзысты.


Мӕнӕ айхъуысти уац, цӕгатаг зӕххӕй ӕвирхъау уынӕр хъуысы! Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат.


Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусат, уӕд ӕз сусӕгӕй кӕудзынӕн, сӕрыстыр кӕй стут, ууыл. Нал бахус уыдзӕн Мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы дзуг уацары бахаудзӕн.


Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Сабыр фосдӕттӕ Дунедарӕджы судзгӕ мастӕй сӕфынц!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты!


Ӕз уын уӕ ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн халдейӕгты, ӕгъатыр ӕмӕ знӕт адӕмы. Уыдон ӕппӕт зӕххыл ӕрзилдзысты, цӕмӕй кӕйдӕр хъӕутӕ бацахсой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan