19 Знӕгтӕ Негевы сахартыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ чи фервӕзын кӕна, уый нӕй! Ӕгас Иудейы уацары фӕкӕнынц, фӕстаг лӕджы онг уацайраг сси!
Вавилоны паддзах сӕ уым, Хаматы зӕххыл, Ривлайы сахары амарын кодта. Афтӕмӕй иудейӕгтӕ тард ӕрцыдысты сӕ бӕстӕйӕ.
Афтӕ хыгъд ӕрцыдысты Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ, фыст сты Израилы паддзӕхты чиныджы. Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй сивтой, уый тыххӕй иудейӕгты уацары атардтой Вавилонмӕ.
Уый цы фехала — ничиуал ӕй сараздзӕн, ахӕстоны кӕй бакӕна, уый уырдыгӕй нал рацӕудзӕн.
Иудейы сахартӕй, стӕй Йерусалимы алфамбылайӕ, Бениамины зӕххӕй, Шефелайӕ, хӕхтӕй ӕмӕ Негевӕй адӕм цӕудзысты ардӕм, цӕмӕй Дунедарӕджы хӕдзары иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ ӕрхӕссой, хойраджы хуынтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ Йын ӕрбахӕссой.
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕхиуыл дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдхӕрдтыл дӕр Ӕз ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, дӕ цӕстыты раз знаджы кардӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты. Ӕгас Иудей Ӕз Вавилоны паддзахы къухтӕм ратдзынӕн: иуты дзы акӕндзӕн Вавилонмӕ, иннӕты кардӕй ныццӕгъддзӕн.
Навуходоносор, Вавилоны паддзах, Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй иудейаг уӕздӕтты, куырдты ӕмӕ ӕрмдӕсныты. Уыцы заман мын Дунедарӕг фенын кодта цӕстылуайӕн: мӕнӕ Дунедарӕджы хӕдзары цур лӕууынц дыууӕ чыргъӕды, легъуи бӕласы дыргътимӕ.
Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудейӕ Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм раздахдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз Вавилоны паддзахӕн йе ’фсондз ныппырх кӕндзынӕн».
Хӕххон сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, Бениамины зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы алфамбылӕйтты, Иудейы сахарты — алы ран дӕр, чи сӕ нымайдзӕн, уыдоны дӕлбар ногӕй фосы рӕгъӕуттӕ хиздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.
Ӕмӕ Вавилоны паддзах Ривлайы сахары, Хаматы бӕстӕйы, се ’ппӕты дӕр амарын кодта. Афтӕ иудейӕгтӕ ӕрвыст ӕрцыдысты сӕ зӕххӕй.
Навуходоносор йӕ хицаудзинады ӕвдӕм аз уацары райста ӕртӕ мин дыууын ӕртӕ иудейаджы,
Дыууын ӕртыккӕгӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ма хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан иудейӕгтӕй ноджыдӕр уацары райста авдсӕдӕ цыппор фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕтӕй — цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ.
Уӕ, сурынц иудейӕгты сӕ зӕххӕй! Цагъартӕ сты, о, сау бон сыл куы ’ркодта! Ӕцӕгӕлӕтты ’хсӕн ӕмбӕхсынц, ӕнцой нӕ арынц, баййӕфтой сӕ знӕгтӕ! Уӕ, додойаг куы фесты!
Йерусалим адӕмӕй йедзаг ӕмӕ сабыр куы уыди, стӕй йӕ алыварс сахартӕ Негев ӕмӕ Шефелайы дӕр адӕм куы цардысты, уӕд Дунедарӕг Йӕ раздӕры пехуымпарты уылты адӕттӕ нӕ хъусын кодта?“»
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ, абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк куынӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уыл мӕнӕ ацы ӕлгъыстытӕ ӕрцӕудзысты.
Уыдон уӕ уынгӕг кӕндзысты уӕ бӕстӕйы алы сахары дӕр, цалынмӕ, уӕ зӕрдӕ кӕуыл лӕууы, уыцы бӕрзонд ӕмӕ фидар гӕнӕхтӕ ӕрызгъӕлой, уӕдмӕ. Ӕрхъула кӕндзысты, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы бӕстӕйы алы сахарыл дӕр.
Бӕстӕ авд хайыл адих кӕнӕнт. Иудӕйы байзӕддӕгтӕ хуссары сӕ зӕххы хайыл баззайӕнт, Йосефы хӕдзарвӕндаг дӕр йӕ зӕххыл баззайӕд цӕгаты.