Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 13:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы зӕххӕн йе ’ппӕт цӕрджыты — Давиды бадӕны чи бады, уыцы паддзӕхты, сауджынты, пехуымпарты ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджыты — се ’ппӕты дӕр Ӕз байдзаг кӕндзынӕн сӕнӕй, куыд ныррасыг уой, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 13:13
14 Iomraidhean Croise  

Зӕххы кӕронӕй Дӕм ӕрхӕндӕг зӕрдӕйӕ дзыназын. Къӕдзӕхы сӕрмӕ мӕ сис — мӕхи бон нӕу уырдӕм схизын.


Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?


Дистӕ кӕнут, фыр дисӕй бандзыг ут, уӕхи бакуырм кӕнут ӕмӕ куырмӕджы бадут! Ныррасыг стут, ӕрмӕст сӕнӕй нӕ; цудтытӕ кӕнут, ӕрмӕст карз нозтӕй нӕ.


Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».


Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.


Гъемӕ уӕдӕ ӕрбайхъусут, сӕны хъӕстӕ чи нӕ фӕци, афтӕмӕй расыгау цух-мухтӕ чи кӕны, уыдон!


Ӕмӕ уӕд фыр мӕстӕй Мӕ къӕхты бын ныссӕстон алы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кодтон ӕмӕ сын сӕ туг акалдтон зӕххыл».


Зӕгъ сын: „Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: алы сӕны мигӕнӕн дӕр сӕнӕй байдзаг кӕнынц“. Уыдон дын дзуапп ратдзысты: „Ау, ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг нӕ зонӕм, алы сӕны мигӕнӕны дӕр сӕн кӕй ныккӕнынц, уый?“


Зӕгъ сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: нуазгӕ кӕнут ӕмӕ ныррасыг ут, сбухъ кӕнут ӕмӕ ахаут зӕххыл, кӕй уӕм ӕрвитын, уыцы карды раз уӕ бон сыстын куыннӕуал суа, афтӕ!»


Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы сахарӕн Ӕз бӕллӕхтӕ куы ’взарын кӕнон, уӕд сымах, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзыстут? Нӕ, ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт зӕххон цӕрджыты карды амӕттаг бакӕндзынӕн», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


«Ӕз ын йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ куырыхонты, бӕстӕйы зылдты ӕмӕ сахарты хицӕутты, стӕй йӕ хӕстонты ныррасыг кӕндзынӕн, ӕнусон фынӕй бауыдзысты ӕмӕ никуыуал райхъал уыдзысты, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг».


Дунедарӕджы къухы Вавилоны сахар уыди сыгъзӕрин кӕхц, ӕгас зӕхх дзы ныррасыг ис. Адӕмтӕ дзы сӕн нуӕзтой ӕмӕ сӕрра сты.


Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan