10 Ацы ’взӕр адӕмы Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕнды, хивӕндӕй цӕрынц, ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувынц, лӕггад сын кӕнынц ӕмӕ ацы ронау ницӕмӕнуал сбӕздзысты.
Нӕ фыдӕлты тӕригъӕдтӕ махӕн фидинаг ма фӕкӕн, Дӕ хорзӕх ныл ӕвӕстиатӕй ӕруадз, науӕд байсысти нӕ хъару.
Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Кардылӕфтыд фӕуыдзысты хӕсты быдыры дӕ лӕппутӕ, де ’хсарджынтӕ.
Сӕ фыдӕлты Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ бафӕндыд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл сты ӕмӕ сын лӕггад кодтой. Адон дӕр сын фӕзмынц сӕ фыдракӕндтӕ. Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой».
Дунедарӕг мын радзырдта сӕ фыдвӕнд, ӕмӕ йӕ базыдтон, сӕ хъуыддӕгтӕ мын раргом кодта!
Ӕз ацыдтӕн Евфраты доны былмӕ ӕмӕ рон, кӕм ӕй бамбӕхстон, уырдыгӕй скъахтон, фӕлӕ бамбыди, ницӕмӕнуал бӕззыд.
Фӕлӕ сымах уӕ фыдӕлтӕй фыддӕр фестут, алчидӕр уӕ йӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕуы ӕмӕ Мӕм нӕ хъусы.
«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕхиуыл дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдхӕрдтыл дӕр Ӕз ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, дӕ цӕстыты раз знаджы кардӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты. Ӕгас Иудей Ӕз Вавилоны паддзахы къухтӕм ратдзынӕн: иуты дзы акӕндзӕн Вавилонмӕ, иннӕты кардӕй ныццӕгъддзӕн.
Фӕрнджынӕй куы цардтӕ, уыцы заман-иу демӕ дзырдтон, фӕлӕ ды загътай: «Нӕ Дӕм хъусдзынӕн!» Де ’взонджы бонтӕй абоны онг афтӕ кӕныс — нӕ Мын хъусыс Мӕ ныхасмӕ!
Ӕлгъ Мыл чи кӕны, уыдонӕн дзурынц: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сабырдзинад уыдзӕн уӕ зӕххыл». Хивӕндӕй чи цӕры, уыцы адӕмы сайынц: «Фыдбылызтӕ уыл не ’рцӕудзысты».
Уыцы заман Йерусалимы сахар схондзысты Дунедарӕджы паддзахы бадӕн. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕн скад кӕной. Фыдзӕрдӕ ӕмӕ хивастӕй цы митӕ кодтой, уыдон ныууадздзысты.
Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.
«Дунедарӕджы номӕй нын ды цытӕ дзурыс, уыдӕттӕм нӕ хъусдзыстӕм.
Фӕлӕ Мӕм уыдон нӕ хъуыстой, сӕ фыдракӕндтӕ нӕ уагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн будсудзӕн кодтой.
Ацы адӕм та хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты.
Ӕмӕ ныр, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кӕнут, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕд ӕмӕ уын Ӕз ӕдзухдӕр дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат, сидтӕн уӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат,
ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не ’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват,
Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.
Дунедарӕг загъта: «Ӕз сын цы Ӕгъдау радтон, уый кӕй нал ӕххӕст кодтой, кӕй Мӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдаумӕ гӕсгӕ кӕй нӕ цардысты, уый тыххӕй.
Хивӕнд уыдысты ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кодтой, сӕ фыдӕлтӕй куыд сахуыр сты, афтӕ».
Ды цӕрыс мӕнгарддзинады ӕхсӕн, мӕнгард сты, Мӕн зонын сӕ нӕ фӕнды», — зӕгъы Дунедарӕг.
ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Кӕдмӕ Мӕ мӕсты кӕндзысты ацы адӕм? Цы диссӕгтӕ сын равдыстон, уыдон сын фаг не сты, цӕмӕй Мыл баууӕндой?
Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.