Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 13:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг мын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕхицӕн гӕн хъуымацӕй рон балхӕн. Дӕ астӕуыл ӕй ӕрбабӕтт, ӕцӕг-иу ӕй ма ныххуылыдз кӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 13:1
9 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг:


Ацы рон адӕймаджы буармӕ куыд хӕстӕг у, афтӕ Ӕз Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгты ӕрбаввахс кодтон Мӕхимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — цӕмӕй суой Мӕ адӕм, Мӕ цыт ӕмӕ Мӕ кад, фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстой.


«Ацу дурынгӕнӕджы хӕдзармӕ, ӕмӕ дын уым Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацу ӕмӕ дурынгӕнӕгӕй иу ӕлыг дурын балхӕн. Демӕ адӕмы хистӕртӕй, стӕй хистӕр сауджынтӕй цалдӕры рахон


Дунедарӕг мын загъта: «Сахсӕн ӕмӕ ӕфсондз сараз ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл ӕрцауындз.


«Дыууӕ стыр дуры райс ӕмӕ сӕ фараоны хӕдзармӕ бацӕуӕны раз ӕлыджы баныгӕн Тахпанхесы, иудейӕгтӕ дӕ куыд уыной, афтӕ.


Уый нӕм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ, стӕй загъта: «Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы иудейӕгтӕ Йерусалимы мӕнӕ афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты муртаттӕгты къухтӕм».


Хуыцау рагзамантӕй фӕстӕмӕ пехуымпарты уылты бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты дзырдта нӕ фыдӕлтимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan