6 Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.
Фӕлӕ мӕныл ме ’фсымӕртӕ тагъд донау сӕ зӕрдӕ сивтой, уалдзыгон донвӕдау раив-баив кӕнынц.
Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?
Ӕнӕхъуаджы фӕндтӕ кӕдмӕ кӕндзынӕн, бон-сауизӕрмӕ кӕдмӕ рисдзӕн мӕ зӕрдӕ? Ме знаг мӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕдмӕ кӕсдзӕни?
Дӕ комдзаг фӕстӕмӕ сомдзынӕ, дӕ хорз ныхӕстӕ уӕлдӕфы ацӕудзысты.
Кӕд йӕ ныхӕстӕ ’хсызгон сты, уӕддӕр ыл ма баууӕнд, — йӕ зӕрдӕйы авд фыдвӕнды ис.
Дунедарӕг мын загъта: «Домбай йӕ амӕттаджы сӕрмӕ куыд фӕрыхы, суанг йӕ ныхмӕ бирӕ фыййӕуттӕ куы ’рӕмбырд вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хъӕрӕй ӕмӕ сӕ уынӕрӕй куыннӕ фӕтӕрсы, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр тох кӕндзӕни Сионы сӕраппонд, ацы хохы сӕрвӕлтау.
Мӕн та, ӕууӕндаг уӕрыккау ӕргӕвдынмӕ фӕцӕйкодтой, мӕ ныхмӕ мын цы фыдвӕндтӕ аразынц, уый нӕ зыдтон. Уыдон загътой: «Фесафӕм дидинӕгкалӕг бӕлас, уадз ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн мауал уа, ферох уа йӕ ном».
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Анатоты цӕрджыты тыххӕй, дӕ мӕлӕтмӕ дын чи бӕллы ӕмӕ дын афтӕ чи дзуры: «Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг ма кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм».
Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».
Ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕнбынат куы ссарин, уӕд ацӕуин, мӕ адӕмы ныууадзин. Се ’ппӕт дӕр — хъахбайтӕ, гадзрахатӕйцӕуджыты дзуг!
«Мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕн се ’взӕгтӕ фатау нылвӕстой, мӕнгдзинады фӕрцы стыхджын сты зӕххыл. Сӕ фыдбылызтӕн нӕй кӕрон. Нӕ зонынц Мӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг.
Алчи йе ’мбалы сайы ӕмӕ йын раст ныхас нӕ дзуры. Се ’взӕгтӕ ахуыр сты мӕнгдзинадыл.
Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ, зӕнӕг рацӕудзӕн йӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ марын кӕндзӕни.
Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.
Суанг ма Йыл Йе ’фсымӕртӕ дӕр не ’ууӕндыдысты.
Адӕм дӕр Павел ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ фесты. Уӕд сахары хицӕуттӕ радтой бардзырд, цӕмӕй дыууӕйӕн дӕр сӕ дарӕс сӕ уӕлӕйӕ ӕррӕдувой ӕмӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнӕмой.
Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейӕгтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ,