Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 12:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 «Адӕмимӕ фистӕгӕй згъоргӕйӕ, саувӕллад куы бадӕ, уӕд барджытимӕ ерыс куыд кӕндзынӕ? Сабыр зӕххыл-иу куы ахаудтӕ, уӕд Иорданы был пыхсбыны цы фӕуыдзынӕ?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 12:5
14 Iomraidhean Croise  

Уыдон сты, афӕдзы фыццаг мӕй, Иорданы раивылды афон, донӕн йӕ фаллаг фарсмӕ чи бахызти, уыдон. Уӕд донивылды тасӕй алыгъдысты, Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм дӕлвӕзты чидӕриддӕр царди, уыдон.


Бӕллӕхы заман кӕд лӕмӕгъ разындтӕ, уӕд хъаруйӕ мӕгуыр дӕ.


Мӕ лӕппу, Дунедарӕджы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, Йӕ уайдзӕфтӕ дын хъыг ма уӕнт.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Анатоты цӕрджыты тыххӕй, дӕ мӕлӕтмӕ дын чи бӕллы ӕмӕ дын афтӕ чи дзуры: «Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг ма кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм».


Куыддӕр Йеремиа, Дунедарӕг ын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон адӕмӕн фехъусын кодта, афтӕ йӕм сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ иннӕ адӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Ды маринаг дӕ!


Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста.


Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


Иорданы пыхсбынӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕтмӕ куыд рацӕйцӕуы, уыйау Ӕз вавилойнӕгты ӕвиппайды фӕсурдзынӕн, сӕ сӕргъы сын, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Кӕм ис Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


Хуымгӕрдӕнты заман куыд вӕййы, афтӕ та ныр дӕр Иордан ивылд уыдис, йӕ былтӕй ӕнхъӕвзта. Фӕлӕ йӕм, Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕ куыддӕр бахӕццӕ сты ӕмӕ доны балӕгӕрстой,


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan