Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 12:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 12:4
22 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дын ӕхцон уыдзысты рӕстады нывӕндтӕ, хуынтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ; уӕд уӕнгуытӕ ӕрӕвӕрдзысты Дӕ нывондхӕссӕныл.


Хъынцъым кӕны, баруади зӕхх, ӕгас дуне ныттар ис ӕмӕ сӕфы; зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ барджын хицӕуттӕ сӕфынц.


Уымӕ гӕсгӕ ӕлгъыст ӕрцӕудзӕни зӕхх — ӕфхӕрд баййафдзысты йӕ цӕрджытӕ; скуынӕг уыдзысты адӕм, бирӕ сӕ нал баззайдзӕн.


Кӕуы Иудей, йӕ кулдуӕрттӕ фӕлмӕцынц, ныссау сты, лӕзӕрынц зӕххыл; Йерусалимӕй хъарӕг хъуысы.


Хӕтаг адӕмӕй байдзаг ис зӕхх, богъ-богъӕй кӕуы ӕлгъыст зӕхх! Ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ басыгъдысты. Адӕм фыдракӕндтӕм тырнынц, галиу хъуыддӕгты фӕрцы стыхджын сты;


Кӕсын, ӕмӕ цъиуызмӕлӕг нал зыны, уӕларвон мӕргътӕ иууылдӕр алырдӕм фӕтахтысты, дидинӕгкалӕг бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестади. Ныппырх сты йӕ сахартӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй.


Ныдздзыназдзӕн зӕхх, ныссау уыдзӕнис арв йӕ сӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз ахӕм тӕрхон рахастон. Мӕ фӕндон нӕ аивдзынӕн, сӕххӕст ӕй кӕндзынӕн.


Уыцы пехуымпартӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, Дунедарӕджы ныхас сӕм нӕй, сӕ ныхӕстӕ сӕхиуыл ӕрцӕуӕнт».


пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»


Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ.


Ау, Ӕз сӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?»


Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.


Фос богъ-богъ кӕнынц, хизӕнуат сын нал ис, стонгӕй мӕлынц фысты дзугтӕ.


Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.


Легъуи бӕлас дидинӕг куынӕ ракала, сӕнӕфсиры талайыл дыргъ куынӕуал фӕзына, куы ницы ’рзайа оливӕ бӕлӕстыл, хуымтӕ дӕр тыллӕг куынӕ раттой, фосдоны куынӕуал баззайа фыс, скъӕты — стурвос,


Уӕд Дунедарӕджы зӕд загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы сахартӕн кӕд ныббардзынӕ, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы сӕм Дӕ маст куы нӕма ссыд?»


Мах зонӕм: Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне абон дӕр ма хъӕрзы ӕмӕ хъизӕмар кӕны арӕг сылгоймагау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan