2 Ныссагътай сӕ, ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф ауагътой, сырӕзтысты, ӕмӕ сыл дыргътӕ фӕзынди. Ӕдзух Дӕ кой кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕй дард дӕ.
Сахары хъуысы мӕлӕг адӕм хъӕрзын, ӕххуысагурӕг дзыназынц цӕфтӕ, фӕлӕ Хуыцау уыдӕттӕ нӕ уыны.
Ӕз федтон: ӕдылы йӕ уидӕгтӕ арф нӕма ауагъта, афтӕ ӕвиппайды йӕ хӕдзар ӕрбайхӕлди, ӕлгъыстау.
Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.
Фыдбылыз дыл бафтыдта Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Чи дӕ ныссагъта, Уый, уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ фыдракӕндтӕ фӕкодтой, Баалӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕй сыгътой, уымӕй Мӕ мӕсты кодтой».
Ӕмӕ Мӕм мӕнӕ Иудей, Израилы мӕнгард хо, раздӕхт, фӕлӕ зӕрдиагӕй нӕ, цӕстмӕ митӕ кодта ӕрмӕст, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.
Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.
Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй?
„Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.
Йесо сын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта. Йӕ чиныджы фыст ис: „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.
Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.