17 Чи Мӕм нӕ байхъуса, уыцы адӕмӕн та сӕ мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн ӕмӕ фесафдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Лӕбургӕ уӕм чи кӕны — иууылдӕр худинаг ӕмӕ аллайаг фӕуыдзысты. Уемӕ чи быцӕу кӕны — заууатмӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ бабын уыдзысты.
Дӕуӕн лӕггад кӕнын цы адӕмты ӕмӕ цы паддзахӕдты нӕ бафӕнда, уыдон быныскъуыд фӕуыдзысты.
Иуӕй-иу хатт Ӕз искӕцы адӕмы кӕнӕ паддзахады тыххӕй фӕзӕгъын: йӕ бындзарӕй йӕ срӕдувдзынӕн, басӕтдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ бабын кӕндзынӕн.
Раздӕр сӕ мӕ цӕст куыд нӕ истон, цӕмӕй сӕ ныццӕгъдон ӕмӕ ныддӕрӕн кӕнон, ныззыгуым сӕ кӕнон ӕмӕ сӕ фесафон, фыдбылызтӕ сын бавзарын кӕнон, афтӕ сӕ ныр дӕр, аразгӕйӕ ӕмӕ таугӕйӕ, Мӕ цӕст нӕ исдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Фӕлӕ йӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ, срӕдывтой бындзарӕй ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой зӕххыл, йӕ дыргъ куы бахус скӕсӕйнаг дымгӕмӕ. Йӕ фидар къалиутӕ ӕрсастысты, ныххус сты, аныхъуырдта сӕ арт.
Фӕлӕ куыддӕр паддзахы бынат бацахса, афтӕ йӕ бӕстӕйы иудзинад нал уыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахад цыппар дихы фӕуыдзӕн. Паддзахы цотмӕ паддзахады хӕйттӕй ницы ’рхаудзӕн, стӕй паддзахад, уый заманы куыд уыди, афтӕ тыхджын нал уыдзӕн.
Ашерӕйы цӕджындзтӕ сӕ рӕбынӕй акалдзынӕн, дӕ сахартӕ дын зӕххимӕ сиу кӕндзынӕн.
Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».
Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».
Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.