12 Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.
Туг ӕмӕ сой лӕдӕрсдзысты Дунедарӕджы кардӕй, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ ’ргӕвдгӕйӕ куыд вӕййы, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг кусарт кӕндзӕни Боцрайы сахары, бирӕ ӕргӕвстытӕ уыдзӕн Едомы зӕххыл.
«Ӕнаккӕгтӕ ӕнцой нӕ фендзысты», — афтӕ зӕгъы мӕ Хуыцау.
Кӕдӕм ацӕуӕм, зӕгъгӕ дӕ куы бафӕрсой, уӕд-иу сын ды Дунедарӕджы номӕй афтӕ зӕгъ: мӕлӕт кӕмӕ кӕсы, уый йӕ мӕлӕт ссарӕд; кард кӕмӕ кӕсы, уый карды цӕфӕй амӕлӕд; стонг бавзарын кӕй хъӕуы, уый стонгӕй мӕлӕд; уацар кӕмӕ кӕсы, уый уацары ацӕуӕд.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Хист кӕм кӕнынц, ахӕм хӕдзармӕ хъарӕг ӕмӕ тӕфӕрфӕс кӕнынмӕ ма бацу, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы адӕмӕн сӕ сабыр цард байстон, Мӕ хорзӕх ӕмӕ Мӕ тӕригъӕдӕй ӕнӕхай фесты.
Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн ӕмӕ йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн; ӕвдай азы дӕргъы ацы адӕмтӕ уыдзысты Вавилоны паддзахы уацары.
Скӕс-ма къуыбыртӕм: ӕлгъаг митӕ кӕм нӕ фӕкодтай, ахӕм бынат ма баззади? Араббаг лӕг ӕдзӕрӕг быдыры куыд фӕбады, уыйау фӕндаджы был бадтӕ ӕмӕ дӕ хӕзгултӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕ. Дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ мӕнгард митӕй фӕчъизи кодтай зӕхх!
Къуыбыртӕй хъуысы дзыназын, Израилы фыртты кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕтӕ, уымӕн ӕмӕ галиу фӕндӕгтыл ацыдысты, ферох кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы!
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕбуалгъ тасы хъӕртӕ хъусӕм, бӕстӕ схъомпал, нал ис сабырдзинад.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ ныхасмӕ Мын кӕй нӕ байхъуыстат ӕмӕ уе ’фсымӕрты, уӕ хиуӕтты кӕй не ссӕрибар кодтат, уый тыххӕй уын Ӕз ныр лӕвар кӕнын сӕрибар, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕрибарӕй кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлыны фадат. Ӕз сымахӕй ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн!
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, фӕлӕ йӕ бынтон нӕ фесафдзынӕн.
Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, мастисӕн бон ралӕууыд, ӕмӕ Йе знӕгтӕй Йӕ маст райсдзӕни. Йӕ фыдгулты Йын кард аныхъуырдзӕн, бафсӕддзӕн сӕ тугӕй! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, нывонд ӕрхастӕуыд цӕгатаг бӕстӕйы, Евфраты доны был.
О Дунедарӕджы кард, кӕд басабыр уыдзынӕ? Раздӕх дӕ кӕрддзӕммӕ, иу ран ӕрлӕуу, ӕрсабыр у!
Моав йӕ раздӕры кад фесӕфта. Хешбоны цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕнд: „Цӕуӕм ӕмӕ уыцы адӕмы фесафӕм“. Мадмена, дӕуӕн дӕр де сӕфт ӕрцӕудзӕн, дӕ фӕдыл зилы кард!»
Сабыр цардыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, сдзӕбӕхмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ фӕзынд ӕвирхъау тас!
Уӕ, амонд байстай Ды мӕ цардӕй, ӕз ферох кодтон циндзинад!
Кӕнӕ Ӕз уыцы зӕхх карды амӕттаг куы бакодтаин ӕмӕ бардзырд куы раттаин: „Мӕнӕ кард, ацы зӕххыл ацу!“, адӕмӕй, фосӕй сӕ куы ныццагътаин,
Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ фехъусын кӕн: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы аммонӕгты ӕмӕ сӕ фидисты тыххӕй: кард йӕ кӕрддзӕмӕй ласт ӕрцыди марынӕн, арвӕрттывдау цӕхӕртӕ калынӕн.
Мӕ кард йӕ кӕрддзӕмӕй ист ӕрцӕудзӕни, хуссарӕй цӕгатмӕ дӕм раст ӕмӕ зылынджынӕй чидӕриддӕр ис, уыдоны ныццӕгъдынмӕ.
Дунедарӕг мын загъта:
«Адӕймаджы фырт! Зӕгъ пехуымпар ныхас: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: кард уӕм ӕрбацӕуы, кард. У цыргъгонд ӕмӕ цӕхӕртӕ калы.
Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе ’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй.
Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.
Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».
Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!
Мӕ фӕттӕ срасыг уыдзысты тугӕй, Уацайрӕгтӕ ӕмӕ мӕрдты фыдӕй, сӕ тугӕй бафсӕддзӕн мӕ кард, йӕ балхонты сӕртӕ сын анымайдзӕн!
Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, ӕртхуыз бӕх; йӕ барӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырад айсыны бар, цӕмӕй марой кӕрӕдзи; ӕмӕ йӕм радтой стыр цирхъ.