Йеремиа 12:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст10-11 Ӕнӕнымӕц фыййӕуттӕ Мын сафтид кодтой Мӕ сӕндон, бассӕстой Мын Мӕ исбон, Мӕ уарзон зӕхх Мын ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой, сафтид ис ӕмӕ кӕуы. Гӕныстонмӕ ӕрцыд ӕгас зӕхх, ӕмӕ уый нымады дӕр никӕмӕ у. Faic an caibideil |
уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.