Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 11:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уӕ фыдӕлты уын Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ сын ӕдзухдӕр фӕдзӕхстон: ‚Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут‘.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 11:7
29 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дунедарӕг израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ иудейӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсын райдыдта Йӕ алы пехуымпар ӕмӕ йӕ алы зонынджыны уылты: «Ныууадзут уе ’наккаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕнут Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕн, ныр та сымахӕн дӕр Мӕ пехуымпарты фӕрцы кӕй бафӕдзӕхстон, уыдон».


Дунедарӕг сӕм, сӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕдзухдӕр ӕрвыста Йӕ минӕвӕртты, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, йӕ Цӕрӕнӕн.


Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».


Ӕз уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй, ӕфсӕйнаг тайынгӕнӕн куынцгомӕй, куы ракодтон, уӕд сын ацы фидыд ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхстон, загътон сын: Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут, ӕмӕ уыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау.


Дунедарӕг ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы ныхас кӕны мемӕ, иудейаг паддзах Иосиа, Амоны фырт, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕдӕй абонмӕ. Ӕмӕ ӕз ӕрвылбон уемӕ дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат.


Дунедарӕг уӕм ӕдзухдӕр ӕрвыста йӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, фӕлӕ сӕм нӕ хъуыстат, сӕ ныхӕстӕм сын уӕ хъус никуы ӕрдардтат.


Сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Кӕд Ӕз сӕ Бардарӕг уыдтӕн, уӕддӕр уыдон уыцы фидыд фехӕлдтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.


„Алчидӕр уӕ йе ’фсымӕры, кӕй балхӕдта, уыцы дзуттаджы, йӕ куысты ӕвдӕм аз хъуамӕ ауадза. Ӕхсӕз азы йын лӕггад кӕнӕд, уый фӕстӕ йӕ хъуамӕ ссӕрибар кӕна“. Фӕлӕ Мӕм уӕ фыдӕлтӕ нӕ хъуыстой, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтой.


Рехавы фырт Йонадавы байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ фыдӕлы фӕдзӕхстытӕ: абон онг йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕн нӕ нуазынц. Сымах та Мӕм, кӕд ӕмӕ уын ӕрвылбон дзырдтон, уӕддӕр нӕ хъуыстат.


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


Ӕмӕ ныр, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кӕнут, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕд ӕмӕ уын Ӕз ӕдзухдӕр дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат, сидтӕн уӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат,


Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.


Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.


Уӕ фыдӕлты хуызӕн ма ут, раздӕр цы пехуымпартӕ уыди, уыдон-иу сын дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдбылызы хъуыддӕгтӕ ныууадзут“. Фӕлӕ Мӕм уыдон нӕ хъуыстой.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын ӕмӕ Бардарӕджы номӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй мауал цӕрат, муртаттӕгтӕ сӕ рӕузонды аххосӕй куыд цӕрынц, афтӕ.


Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.


уарзут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хъусут Ӕм ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ ма ивут, уымӕн ӕмӕ Уымӕй аразгӕ у уӕ цард, уӕ цӕрӕнбон, Дунедарӕг нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы бӕстӕ раттыныл басомы кодта, уым».


Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“


Тӕхуды, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгдӕр тас куы уаид Мӕнӕй, ӕмӕ Мын кӕддӕриддӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕниккой, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амондджын уой мыггагмӕ!


Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат.


Уӕдӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йӕ фӕндӕгтыл цӕут, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас уӕд.


Ахӕмтӕн Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ курӕм, цӕмӕй ныггуыбыр кӕной ӕмӕ кусой, цӕрой сӕхи къухты фӕллойӕ.


Гъемӕ сӕм байхъус. Ӕрмӕст сын бӕлвырд радзур, фидӕны паддзах сын хицауиуӕг куыд кӕндзӕни, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan