Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 11:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, уӕ фыдӕлтӕн уын цы сомы ракодтон, уый, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары ӕмӕ абоны онг уӕ къухы чи ис, уыцы зӕхх сын ратдзынӕн, зӕгъгӕ“». Ӕз дзуапп радтон: «Аммен, Дунедарӕг!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 11:5
16 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Кӕддӕр дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн цы ныхас загътай, уый сӕххӕст уӕд!


Фӕлӕ сӕ Хуыцау уӕддӕр фервӕзын кодта Йӕ номы сӕраппонд, цӕмӕй Йӕ хъомыс равдиса.


Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн расомы кодта, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уый сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕ уыцы зӕхмӕ куы бакӕна, уӕд-иу ацы мӕй кӕнут бӕрӕгбон:


Ацы бынатӕн, стӕй, чи дзы цӕры, уыдонӕн Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ацы сахар Тофетау фӕчъизи кӕндзынӕн.


«Дунедарӕг ахӕм хъуыддаг саразӕд! Уадз ӕмӕ дын Дунедарӕг сӕххӕст кӕна дӕ рагуац, ӕмӕ Дунедарӕджы хӕдзары дзаума иууылдӕр Вавилонӕй раздаха, стӕй хаст адӕмы се ’ппӕты дӕр.


Сӕ фыдӕлтӕн сын, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтай, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, уый сын радтай.


Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый.


Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.


Уымӕн ӕмӕ, ды Хуыцауӕн удӕй куы арфӕ кӕнай, уӕд, ӕвзӕгтӕ ӕмбарынхъом цы адӕймаг нӕу, уый дӕ арфӕйӕн «аммен» куыд зӕгъдзӕн, цы дзурыс, уый куы не ’мбара, уӕд?


Уӕдӕ байхъусут, израилӕгтӕ, ӕмӕ архайут уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл, цӕмӕй райгонд уат ӕмӕ сбирӕ уат, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн ныфс кӕмӕй бавӕрдта, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan