3 Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ацы фидыды ныхӕстӕм чи нӕ хъусы, уый ӕлгъыст у.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Адӕймагыл йӕ зӕрдӕ чи дары, ныфсджын дзы чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕй дард кӕмӕн у, уый ӕлгъыст у.
Ӕмӕ сын дзуапп ратдзысты: „Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, сӕ Хуыцауимӕ, цы фидыд сарӕзтой, уый сӕ ферох ис, ӕндӕр хуыцӕуттӕм куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой“».
Сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Кӕд Ӕз сӕ Бардарӕг уыдтӕн, уӕддӕр уыдон уыцы фидыд фехӕлдтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Дунедарӕджы хъуыддаг ӕххӕст кӕнгӕйӕ, зӕрдиагӕй чи нӕ архайы ӕмӕ йӕ кард тугӕй чи нӕ ахоры, уый ӕлгъыст у!
„Ӕлгъыст фӕуӕд, ацы Ӕгъдау чи нӕ нымайа ӕмӕ йын йӕ алы ныхас дӕр чи не ’ххӕст кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“