16 Дунедарӕг дӕу хуыдта дидинӕгкалӕг, диссаджы дыргътӕ кӕуыл ис, ахӕм оливӕ бӕлас. Фӕлӕ йӕ тыхджын уады уынӕримӕ арты басыгъта, ныссастысты йӕ къалиутӕ.
Цъӕх-цъӕхидӕй хурмӕ бӕргӕ ӕрттивы, йӕ къабӕзтӕ дыргъдоны фӕйнӕрдӕм фӕцыдысты.
Ӕмӕ, Дунедарӕгӕй йе сӕфт чи уыдта, уыдон зӕрдӕлхӕнӕнтӕ кодтаиккой Йӕ разы, мыггагмӕйы ӕфхӕрд райстаиккой.
Сымахӕн та хойрагӕн ӕвзаргӕ мӕнӕу лӕвӕрдтаид, къӕдзӕхӕй цы мыд тӕдзы, уымӕй уӕ ӕфсӕстаид».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Куыд бӕллиццаг у Дӕ цӕрӕн бынат!
Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.
Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала!
Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»
Ӕз Израилӕн суыдзынӕн ӕртӕхау, ӕмӕ дидинӕг скалдзӕни кӕркусӕгау, ливайнаг кедрау йӕ уидӕгтӕ ауадздзӕни зӕххы.
Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.
Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.
Уӕ бӕстӕйы оливӕ бӕлӕстӕ бирӕ уыдзӕн, сой та — стӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ дыргътӕ азгъӕлдзысты.
Уыдон сты, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыцы дыууӕ оливӕ бӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны.