Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 11:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕмӕ уӕд Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ цы хуыцӕуттӕн судзынц, уыдонмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сын бӕллӕхы заман уыдон ницӕмӕй феххуыс уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 11:12
10 Iomraidhean Croise  

Уыцы тыхст заманы паддзах Ахаз фылдӕрӕй-фылдӕр гадзрахатӕй цыди Дунедарӕгыл.


Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.


Уый фӕстӕ йӕ сӕ уӕхсчытыл ахӕссынц ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц, рагацау ын цы бынат ӕрцӕттӕ кӕнынц, уым. Уый фӕлӕууы ӕнцад, йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ кӕны, адон ӕм хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуапп ратты, фыдбылызӕй сӕ нӕ фервӕзын кӕны.


Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой се ’ппӕт дӕр: ницӕйаг гуымирытӕн будсудзӕн кӕнынц! Сӕ цӕуӕнтыл фӕкалдысты, сӕ рагон фӕндӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕцыд къахвӕндӕгтӕм рахызтысты.


Кӕм сты уӕ хуыцӕуттӕ, уӕхӕдӕг кӕй сарӕзтат, уыдон? Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ уӕ уыдон фервӕзын кӕнӕнт уӕ фыдбылызы заман, кӕд сӕ бон у, уӕд! О Иудей, дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц!


Уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ цӕмӕн мӕсты кӕнут? Мысыры зӕххыл, ӕрцӕрынмӕ кӕдӕм ӕрбацыдыстут, уым ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд цӕмӕн судзут? Фесафдзыстут уӕхи! Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ уӕ иууылдӕр ӕлгъитдзысты, фӕхудинаг уыдзыстут се ’хсӕн.


Зӕгъдзӕни: „Кӕм сты сӕ хуыцӕуттӕ, сӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтой, уыцы фидӕрттӕ?


Сӕ нывӕндты фиу ӕмӕ сын-иу сӕ кувинаг сӕнӕй чи ацахуыста, уыдон? Ӕххуысмӕ уӕм растӕнт ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕнӕнт, уыдон рахӕцӕнт уӕ сӕрыл!“


Ацӕут ӕмӕ, уӕхицӕн цы хуыцӕутты равзӕрстат, уыдонмӕ дзыназут. Уыдон уӕ фыдбылызӕй фервӕзын кӕнӕнт!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan