Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 10:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Таршишӕй сласынц ӕвзист, Уфазӕй — сыгъзӕрин. Згъӕртайынгӕнӕг ӕмӕ нывгӕнӕг сӕ бабӕстон кӕнынц, сӕ уӕлӕ сын скӕнынц сӕнт сырх хъуымацӕй дарӕс, сфӕлындынц сӕ гиацинтӕй, се ’ппӕт дӕр — ӕрмдӕсныты куыст.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 10:9
12 Iomraidhean Croise  

Паддзахмӕ уыдис, Таршишмӕ цӕуынхъом чи уыд, ахӕм наутӕ, ӕмӕ йын уыдон Хирамы денджызонтимӕ ӕртӕ азӕй ӕртӕ азмӕ ластой сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ пылыстӕг, стӕй маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ.


Паддзахмӕ уыди, Хирамы адӕмимӕ Таршишмӕ чи цыди, ахӕм наутӕ, ӕмӕ йын уыдон Хирамы наудзогтимӕ ӕртӕ афӕдзы иу хатт ластой сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ пылыстӕг, стӕй маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ.


Ирвӕзындзинады кӕхц райсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


Дзыназут, денджызгӕрон цӕрджытӕ, лидзгӕут Таршишмӕ!


Ӕрмдӕсныйы арӕзт джиппыуагъд хуыцаугонд? Зӕрингуырд ӕй скӕны сыгъзӕринӕй, сфӕлынды йӕ ӕвзист рӕхыстӕй.


Дӕ исбонӕн ныккӕнӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ дын Таршишы сахар дӕ базайрӕгты сӕрмӕ лӕвӕрдта ӕвзист, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды.


Мысыраг нывӕфтыд гӕн хъуымацӕй уыдысты дӕ наупӕлӕзтӕ ӕмӕ дӕ тырыса, елишайаг ӕрвхуыз ӕмӕ сӕнт сырх хъуымӕцтӕй — дӕ уӕлӕдарӕс.


ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон: лӕууы чидӕр, йӕ уӕлӕ — гӕн хъуымацӕй дарӕс, йӕ астӕуыл — рон, уфазаг сыгъзӕринӕй,


Уый дӕр та Израилы хъуыддаг у: хуыцау нӕу — ӕрмдӕсныйы конд; базгъӕлӕн уыдзӕн Самарийы гуымиры.


Фӕлӕ Ионӕ сфӕнд кодта Таршишмӕ фӕлидзын, цӕмӕй Дунедарӕгӕй бамбӕхса. Ныццыдис Яффойы сахармӕ, Таршишмӕ чи цыд, ахӕм нау ссардта, ӕхца бафыста ӕмӕ наумӕ ныххызти, Дунедарӕгӕй йӕхи айсыны фӕндимӕ.


Додой йӕ къона, суджы лыггагмӕ, райгас у, зӕгъгӕ, чи сиды, ӕгомыг дурӕн, сыст, зӕгъгӕ, чи дзуры! Ау, уыдон ӕй истӕуыл сахуыр кӕндзысты? Кӕд сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй конд сты, уӕддӕр сӕ мидӕг уд нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan