Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 10:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Гуымирытӕ, джитъриты хуымы цы быдыргъ фӕлӕууы, уымӕй уӕлдай не сты: сӕ бон дзурын нӕу, хӕссын сӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ цӕуын нӕ зонынц. Ма сӕ тӕрсут — сӕ бон уын фыдбылыз саразын нӕу, фӕлӕ уын хорзӕй дӕр ницы ракӕндзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 10:5
16 Iomraidhean Croise  

Уыдон сӕ нывондаджы ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ райсомӕй сихормӕ Баалмӕ йӕ номӕй хъӕрӕй сидтысты, Баал, фехъус нӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ кувгӕ-кувын сӕ нывондхӕссӕны алыварс гӕппытӕ кодтой ӕмӕ кафыдысты. Фӕлӕ сӕм иу сым дӕр ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуысти.


Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, Йӕ пехуымпары йӕм арвыста, ӕмӕ йын уый загъта: «Цӕмӕн кувыс уыцы адӕмы хуыцӕуттӕм, уыдонӕн сӕ бон куы не сси сӕ адӕмы дӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?»


Моавӕгтӕ сӕхи цасфӕнды хъарӕнт сӕ бӕрзӕндтыл нывӕндтӕ хӕссыныл, сӕ кувӕндонмӕ цӕуӕнт ӕмӕ кувӕнт — уыдӕттӕ сын ницыуал баххуыс уыдзысты.


Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.


Йӕ уӕрджытыл ӕрхауд Бел, афӕлдӕхти Нево. Хуыцаугӕндты хайуантыл сӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ аластой. Раздӕр уӕхӕдӕг кӕй хастат, уыдон ӕгӕр уӕззау разындысты фӕллад хайуантӕн.


Уый фӕстӕ йӕ сӕ уӕхсчытыл ахӕссынц ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц, рагацау ын цы бынат ӕрцӕттӕ кӕнынц, уым. Уый фӕлӕууы ӕнцад, йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ кӕны, адон ӕм хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуапп ратты, фыдбылызӕй сӕ нӕ фервӕзын кӕны.


Ӕдылытӕ сты адӕм, зонынад сӕм нӕй; згъӕртайынгӕнӕг йӕхи худинаг кӕны джиппыуагъд гуымирытӕй, йӕ кӕрдгӕнывтӕ сты мӕнг, уд сӕ нӕй.


Додой йӕ къона, суджы лыггагмӕ, райгас у, зӕгъгӕ, чи сиды, ӕгомыг дурӕн, сыст, зӕгъгӕ, чи дзуры! Ау, уыдон ӕй истӕуыл сахуыр кӕндзысты? Кӕд сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй конд сты, уӕддӕр сӕ мидӕг уд нӕй.


Сымах зонут: муртаттӕгтӕ ма куы уыдыстут, уӕд уӕ цыма иставӕр тых сайдта, афтӕ куывтат ӕгомыг гуымирытӕн.


Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцау йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.


Лӕггад кӕндзыстут уым адӕймаджы къухӕй конд дурын ӕмӕ хъӕдын хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр, хӕргӕ дӕр ӕмӕ ӕмбудгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan