Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 10:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 сфӕлындынц ӕй сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй ӕмӕ, цӕмӕй фидар лӕууа, уый тыххӕй йӕ дзӕбуг ӕмӕ зӕгӕлтӕй ныххойынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 10:4
9 Iomraidhean Croise  

Ирвӕзындзинады кӕхц райсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.


фараоны ӕд ӕфсад Сырх денджызы фӕдӕлдон кодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;


Дӕсны куырд ӕфсӕйнаджы мур райсы, зынджытыл ӕй ӕртайын кӕны ӕмӕ йӕ дзӕбугӕй хойын райдайы. Йе ’ппӕт хъарутӕ йыл бахардз кӕны, бафӕллайы, бастайы, къӕбӕр ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕвӕййы, цалынмӕ уыцы ӕфсӕйнаджы мурӕй фӕрӕт саразы, уӕдмӕ.


Сӕ чыссӕтӕй скалынц сӕ сыгъзӕринтӕ, тӕразыл абарынц ӕвзист ӕмӕ баххуырсынц згъӕртайынгӕнӕджы, цӕмӕй сын сӕ скӕна хуыцау. Сӕ хуыцау куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йӕм бакувынц.


Уый фӕстӕ йӕ сӕ уӕхсчытыл ахӕссынц ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрынц, рагацау ын цы бынат ӕрцӕттӕ кӕнынц, уым. Уый фӕлӕууы ӕнцад, йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ кӕны, адон ӕм хъӕрахст кӕнынц, фӕлӕ сын уый ницы дзуапп ратты, фыдбылызӕй сӕ нӕ фервӕзын кӕны.


Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.


Додой йӕ къона, суджы лыггагмӕ, райгас у, зӕгъгӕ, чи сиды, ӕгомыг дурӕн, сыст, зӕгъгӕ, чи дзуры! Ау, уыдон ӕй истӕуыл сахуыр кӕндзысты? Кӕд сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй конд сты, уӕддӕр сӕ мидӕг уд нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan