Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 10:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Мӕнӕ айхъуысти уац, цӕгатаг зӕххӕй ӕвирхъау уынӕр хъуысы! Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 10:22
16 Iomraidhean Croise  

Каконтӕ, сындзкъутӕр ӕмӕ ичъийы бын фӕуыдзысты сӕ галуантӕ, сӕ фидӕрттӕ. Фестдзысты мӕрдтыбирӕгъты цӕрӕнтӕ, страусты бадӕнтӕ.


Дунедарӕг мын загъта: «Ацы зӕххы цӕрджытӕм цӕгатӕй ӕрбагуылф кӕндзӕн бӕллӕх.


Ӕз цӕгаты паддзахӕдты адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсиддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ паддзахы къӕлӕтджынтӕ Йерусалимы кулдуары цур, йӕ систы раз ӕмӕ Иудейы алы сахары дӕр ӕрӕвӕрдзысты.


Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Ныридӕгӕн Данӕй хъуысы хъӕр, Ефремы хӕхтӕй — сӕфты уац.


Уӕ тырыса сисут нысанӕн, цӕмӕй адӕм ӕрбацӕуой Сионмӕ! Ӕвӕстиатӕй лидзут, уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз цӕгатӕй ӕрбауадздзынӕн ӕбуалгъ фыдбылыз!


Хацор хъӕддаг куыйтӕн цӕрӕнбынат суыдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн, ӕмӕ дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕн.


Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се ’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не ’мбардзынӕ.


Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты!


«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».


Хъынцъым куы кӕнынц фӕндӕгтӕ Сионы, — бӕрӕгбонарӕзт иунӕг дӕр куынӕуал у. Уӕ, сафтид сты сахарӕн йӕ кулдуӕрттӕ, хъӕрзынц йӕ сауджынтӕ, хъӕр кӕнынц фыр рыстӕй йӕ чызджытӕ! О, додойаг куы фӕци!


Ацы бӕстӕйы адӕмӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йерусалимы цӕрджытӕн Израилы адӕмы тыххӕй: сӕ къӕбӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ хӕрдзысты ӕмӕ сӕ дон катайгӕнгӕ нуаздзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты фыдракӕндты аххосӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕни йӕ бӕркадӕй.


Исав та мын ӕнӕуынон сси. Йӕ хӕхтӕй йын ӕдзӕрӕг быдыр сарӕзтон, йӕ зӕххыл ын хъӕддаг куыйты ӕрцӕрын кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan