Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 10:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Мӕ цатыр — афтид, йӕ бӕндӕнтӕ иууылдӕр — скъуыд, мӕ фырттӕ мӕ ныууагътой, фӕцыдӕр сты. Ныр мын мӕ цатыр чи айтындздзӕн, чи йын ӕрцауындздзӕни йе ’мбӕрзӕнтӕ?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 10:20
12 Iomraidhean Croise  

Ныр мӕ чи уыны, уый мӕ нал фендзӕни. Кӕс — ӕмӕ нал дӕн.


Ӕнӕхуыцау ӕрхауди — ӕмӕ нал ис, рӕстуды хӕдзар нӕ фенкъуысдзӕн.


Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».


Цы цот дын рацыд, уыдонӕй ничи ӕрлӕууыд дӕ фарсмӕ, ничи сӕ ныххӕцыд ӕнцойӕфсон дӕ къухыл.


«Дӕ цатыры бынат фӕпарахатдӕр кӕн, йе ’мбӕрзӕнтӕ йын фӕуӕрӕхдӕр кӕн, ма бацауӕрд. Йе ’лвасӕн бӕндӕнтӕ йын фӕдаргъдӕр кӕн, зӕгӕлмихтӕ сӕ бынӕтты ныффидар кӕн.


Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Рамайӕ хъуысы кӕуын, ӕрдиаг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг — уый Рахел йӕ хъӕбултыл дзыназы, ӕрсабыры амал ын нӕй, уымӕн ӕмӕ нал сты».


Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!


Фӕуӕлахиз ыл йе знаг, сӕ цины хъӕр фыдгултӕн хъуысы, — о, Дунедарӕг бафхӕрдта Йӕ сахар; йӕ тӕригъӕдтӕ хъизӕмарӕй фиды! Йӕ сабиты йын уацары фӕкӕнынц, тӕрынц сӕ се знӕгтӕ сӕ разӕй.


Мӕ адӕмы сылгоймӕгты Мын сӕ уарзон хӕдзӕрттӕй тӕрут, сӕ сабиты сын мыггагмӕ ӕнӕхай кӕнут Мӕнӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan