2 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕндӕр адӕмты фӕндӕгтыл уӕхи ма ахуыр кӕнут ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕ цы ӕрвон ӕвдисӕйнӕгтӕй тӕрсынц, уыдонӕй ма тӕрсут.
Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ — бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн.
Израилы байзӕддӕгтӕ, байхъусут, Дунедарӕг уын цы зӕгъы, уымӕ!
Сымах дзурут, цӕй ӕмӕ муртаттӕгтау, ӕндӕрбӕстаг адӕмтау, хъӕдтӕм ӕмӕ дуртӕм кувӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕ хъуыдыйы цы ис, уый уӕ къухы ницы хуызы бафтдзӕн!
Кӕм цардыстут, уыцы Мысыры, стӕй, кӕдӕм уӕ кӕнын, уыцы Ханааны хъуыддӕгтӕ дӕр ма бафӕзмут. Се ’гъдӕуттыл сын ма ныххӕцут.
Уӕ цурӕй уын цы адӕмты сурын, уыдоны ӕгъдӕуттӕ ма бафӕзмут. Уыдон ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕм Мӕ маст рафыхти.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд уымы адӕмты ӕлгъаг митӕ ма бафӕзмут.
Ӕз уын загътон: «Уӕ Хуыцау Ӕз дӕн, Дунедарӕг, ма лӕггад кӕнут, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн». Фӕлӕ Мӕм сымах нӕ байхъуыстат.